Нæ фарны лæгты чи нымайы, сæ фыдæбон, сæ куыстытæ бабæстон кæныныл сын чи архайы, адæмы рæгъмæ, фидæны фæлтæртæм сæ чи хæссы, уый арфæйаг хъуыддаг аразы.

Ссæдзæм æнусы фыццаг æмбисы ирон æвзагзонынады къабазмæ стыр бавæрæн чи бахаста, уыдонæй иу уыд Багаты Никъала. Ахуыргонд йæ царды бонты фæкодта рухстауæн куыст. Ныффыста дæсгай зонадон куыстытæ, уæлдæр ахуыргæнæндæтты бацæттæ кодта мингай фидæны ахуыргæнджытæ. Зындæр предметтæй иу, ирон грамматикæмæ, Никъала бахаста бирæ ногдзинæдтæ æмæ сæ йе сфæлдыстады ныууагъта фидæны фæлтæртæн.

Цалынмæ нæ хорз адæмтæн кад кæ-нын хъом стæм, уæдмæ нæ ирон æгъдауæн банымæггæнæн нæй. Уыцы зонадон бынтæ цæмæй адæммæ фæхæццæ уой, ууыл батыхст газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор, филологон зонæдты кандидат Хозиты Барис. Уый ахуыргонды бынтæ халгай фембырд кодта æмæ сæ æрæджы хицæн чиныгæй рауагъта «Цард æмæ сфæлдыстад», зæгъгæ, ахæм номимæ. Чиныджы разныхас «Фæрнæйдзаг лæг — фæрнæйдзаг фæд ныууадзы», зæгъгæ, уым Барис фыссы: «Ирон æвзагзонынады ис, æгас ирзонынады хæзнадонмæ стыр хуынтæ чи бахаста, ахæм рухс нæмттæ. Уыдонæй иу у Багаты Хъæвдыны фырт Никъала — цытджын æвзагиртасæг, дæсгай ахуыргæнæн чингуытæ æмæ дзырдуæттæ аразæг, национ æвзагиртасæны патриарх. Разагъды лæг уæвгæйæ, уый дæсгай азты дæргъы хъомыл кодта мадæлон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты, цырагъау, сыгъта ирондзинад фæсивæды зæрдæты… Йæхæдæг дæр уыдис æргомзæрдæ, цæстуарзон, хæларзæрдæ адæймаг».

Хозийы-фырт ахуыргондæн чиныджы, рубрикæ «Уацмыстæ»-йы бынмæ фыццаджыдæр равæрдта, ирон æвзаг чи ахуыр кæны, уыдонæн æххуысæн мырты зæлынады уроктæ. Уыдоны сты грамматикæйы алыхуызон фæзилæнтæ, ирон-уырыссаг тæлмацтæ, мырты ивæнтæ, орфографион æмæ уырыссаг æвзагæй æрбайсгæ дзырдты растфыссынады æгъдæуттæ, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ныхасздæхтыты хицæндзинæдтæ, дамгъæ «ь» ахадындзинад æмæ бирæ æндæртæ.

Зæгъæн ис, ацы чиныг куы нæ уыдаид, уæд Багаты Никъалайы сфæлдыстадæй бирæ цыдæртæ аууоны баззадаиккой. Зæгъæм, йæ литературон тæлмацтимæ йын нæ уыд зонгæ чиныгкæсæг. Æвзагзонынады дæсны уæвгæйæ ма литературон куыст дæр кодта, уый алчи нæ зыдта. Рубрикæ «Тæлмацтæ»-йы бынмæ йын æхсызгонæй бакæсæн ис Николай Гоголь æмæ Сол Грины уацмыстæ «Цинел» æмæ «Кæд негр дæ»-йы аивадон тæлмацтæ.

Рубрикæ «Литературæ»-йы бынмæ сты ирон æвзаг æмæ литературæйы зиууонтæ — Никъалайы ахуыргæнинæгты æмæ æвзаджы дæсныты мысинæгтæ æмæ хатдзæгтæ. Уыдон сты: Тахъазты Харум, Гæбæраты Никъала, Джусойты Клавæ, Бязырты Алыксандр, Хъодзаты Æхсар, Уалыты Лаврент, Цагъаты Анастасия, Айларты Измаил, Абайты Арбилянæ, Дзодзыккаты Зæидæ æмæ Майрæмыхъуаты Фатимæ.

«Багайы-фырт алы ирон дзырдæн дæр раиртæста йе ʻппæт авналæнтæ куыд фонетикон, орфоэпион æмæ орфографион, афтæ лексикон æмæ синтаксисон æууæлтæ дæр, мæнæ æцæг поэт æрдзы нывтæ куыд равдисы æмæ уым куы фæзынынц йе ʻппæт æмбæхст тыхтæ ирдæй æмæ сыгъдæгæй, афтæ», — фыссы Джусойты Клавæ.

Бафиппайын хъæуы уый, æмæ чиныджы чи ис, Никъалайы уыцы куыстытæ кæй сты Ирыстоны мыхуыры фæрæзтæй ист. Уыдон мыхуыры цыдысты 1930 азтæй суанг 1984 азтæм, цалынмæ сæ автор цардис йæ мæлæты бонмæ æдзухдæр кусгæ кодта. Чиныгаразæг сæ фембырд кодта газеттæй, журналтæй æмæ стыр арфæйаг хъуыддаг сарæзта, ацы чиныгæй ахуыргонды ном ноджыдæр сæнусон кодта.

Æз Багайы-фырты зонадон бынтыл бæлвырд нæ дзурдзынæн, фæлæ уый ирон грамматикæйы наукæмæ бахаста æгæрон хуынтæ. Уымæн æвдисæн сты йæ бирæ фæллæйттæ: «Современный осетинский язык». 1-аг æмæ 2-аг хæйттæ, «Ирон æвзаджы грамматикæ» дыууæ хайæ, орфографион дзырдуат, «Ирон æвзаг 4-æм къласæн» æмæ бирæ æндæр зонадон куыстытæ æмæ ахуыргæнæн чингуытæ.

Нæ чиныгыл афæлгæст фæуæм Хозийы-фырты разныхасы кæронæй: «Йæ рæдау зæрдæ æмæ парахат удварн дзаг уыдысты ирон æвзаджы æппæт сагъæстæй дæр. Аргъ кæнын зыдта хистæртæн, аудыдта кæстæртыл. Министры хæдивæг, Совмины бæрнон кусæг, декан æмæ кафедрæйы сæргълæууæджы дуæрттæ, йæ зæрдæйау, гом уыдысты алкæмæн дæр. Йæ зæрдæ рысти алкæуыл дæр, сойын цырагъау сын рухс кодта сæ фæндаг æмæ, æппынфæстаг, нал бафæрæзта уыцы фæлварæнтæн æмæ йæ кусынæй банцад. Фæлæ йæ рухс сурæт æмæ фарн баззадысты уæ-лæуыл, йæ иубæстон адæмæн. Махæн та баззад зæгъын: æнæсысгæ — йæ кад, æнæмæлгæ — йе сгуыхт, æнусон — йæ ном».

Ацы чиныг стыр лæвар у канд студенттæн нæ, фæлæ ахуыргæндтæ-æвзагзонынады дæснытæн дæр. Никъала сын йæ зонындзинæдтæ, йæ фарн ныууагъта, Хозиты Барис та сæ чиныгкæсæджы размæ рахаста…

Джусойты Нинæ