Бибылты Анатоли  Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны цардархайды алы фадгуыты кусæг сылгоймæгтæн.

Паддзахадон хорзæхтæ – «Республикæ Хуссар Ирыстоныл 25 азы сæххæсты» æмæ «Хуссар Ирыстоны адæмы Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 10 азы сæххæсты» майдантæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæ, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты бузныджы фыстæджытæ дæттыны церемони ауагъдæуыд РХИ-йы Президенты Администрацийы бæстыхайы.

Паддзахады сæргълæууæджы æрæмбырдуæвджытæн бафæндыд сылгоймаджы амонд, иууыл рæсугъддæр бæллицты сæххæст  æмæ бинонты фæрныгад .

«Сымах стут махæн, нæлгоймæгтæн  стыр æнтыстытæм тырнынмæ чи разæнгард кæны, уыдон, цæмæй уын уæм, зынаргъ сылгоймæгтæ, сæрыстыр кæмæй уат æмæ кæуыл æнцой кæнат, ахæмтæ.

Сæрмагондæй мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ, æгæрыстæмæй, бæстæйæн уæззау азты дæр сымах слæууыдыстут нæ хъахъхъæнджыты æмрæнхъ. Сыгъдæг зæрдæйæ уын арфæ кæнын уалдзæг æмæ рæсугъддзинады диссаджы бæрæгбоны цытæн.  Уадз алы бон дæр уын æрхæссæд хъæлдзæгдзинад æмæ уын рухс кæнæд уæ амонды фæндаг, нæ зæрдæ нын рухс кæнут æмæ размæ цæут  æнтыстытимæ», – загъта Бибылты Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.