Дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты иу къорды националон мыхуыры боны цытæн 23 июлы схорзæхджын кодта паддзахад Аланийы Президент Бибылты Анатоли. Бæрæгбоны цытæн уый арфæ ракодта информацион фæрæзтæн сæ профессионалон бæрæгбоны фæдыл æмæ сын бузныг загъта сæ ахсджиаг куысты тыххæй.

Сымах, зæгъгæ, стут уыцы адæм, кæцытæ æхсæнадмæ хæццæ кæнынц Хуссар Ирыстон æмæ уымæй дарддæр æрцæугæ цаутæ, æхсæнады минæвæрттæ цы проблемæтыл æмбæлынц, æппæт уыдон. Паддзахады сæргълæууæг банысан кодта, кæй у конструктивон критикæ æмæ информаци объективонæй дæттыны фарс. Йæ ныхæстæм гæсгæ уый лæмбынæг хъусдард дары информацион фæрæзты публикацитæм. Фæлæ уыйхыгъд фæндон бахаста, цæмæй фылдæр аналитикон алæвæрдтæ æмæ аналитикон уацтæ цæуой мыхуыр.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, ис ахæм журналисттæ, кæцытæ акцент æвæрынц негативон æмæ проблемон фарстатыл. Афтæ сæ хæссынц, цæмæй хæццæ кæной æхсæнадмæ. Уый алкæмæн дæр йæ цæсгом у. Æз афтæ нымайын, æмæ куыстмæ хъуамæ бæрнон æмæ объективон ахаст дарæм», – банысан кодта Президент.

Уый зæрдиаг арфæ ракодта ноджыдæр Информацион фæрæзты минæвæрттæн сæ куысты тыххæй, уадз, зæгъгæ, уын уæ алы бæрæгбон дæр ног æнтыстытæ хæссæг уæд. Йæ цæст сын бауарзта æгæрон æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ æнтыстджын архайд нæ бæстæйы рæзт æмæ размæцыды сæраппонд.

Уый фæстæ Президенты Барамындмæ гæсгæ «РХИ-йы Сгуыхт журналист»-ы кадджын нæмттæ лæвæрд æрцыдысты нæ газеты Культурæйы хайады сæргълæууæг Гæззаты Иван æмæ газет «Южная Осетия»- йы æхсæнадон-политикон хайады уацхæссæг Джиоты Аленæйæн.

«РХИ-йы Культурæйы сгуыхт кусæг»-ы ном та лæвæрд æрцыд Полиграфион кондадон баиугæнды кондады сæргълæууæг Козаты Маринæйæн.

Бæстæйы сæргълæууæг ма паддзахадон хорзæхтæ – «В ознаменование 10  летия Победы в Отечественной войне народа Южной Осетии»- йы майдантæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта къорд информацион фадыджы кусæджы.

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Хъотайты Мария бузныг загъта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн информацион фæрæзтæн йæ æгæрон лæггады тыххæй, уæлдайдæр, националон мыхуыры фæрæзты фарсмæ кæй лæууы, уый фæдыл. Уымæн æмæ уый æндавы æрмæджыты гъæдыл æмæ æвзонг кадртæ æрбахоныныл дæр.

Йæ коллегæтæн та йæ цæст бауарзта журналистикæйы сæйраг принциптыл æнувыддзинад, объективон æмæ æмæ конструктивон критикæйыл хæст уæвын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.