Зынаргъ сылгоймæгтæ! Нæ зынаргъ нанатæ, нæ хотæ, нæ цардæмбæлттæ, нæ чызджытæ, нæ хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын Сылгоймæгты дунеон бæрæгбоны цытæн!

8-æм марты бæрæгбон, кæцы йедзаг у уæ мидбылхудт æмæ зæрдæты хъармдзинадæй, ссис уалдзæг, сылгоймаджы рæсугъддзинад, сылгоймагмæ хъусдарды символ. Сылгоймаг у хорздзинады, уды хъармдзинад, куырыхондзинад, гармони æмæ рæсугъддзинады символ. Уый йæ бинонтæн лæвар кæны рæвдыддзинад æмæ уарзт, нæ цардмæ хæссы циндзинад æмæ гармони, аразы æмæ мынæг кæнын нæ уадзы хæдзары æнцойад. Уыимæ иумæ мах сæрыстыр стæм уæ курдиат, æнтыстытæ, энерги æмæ куыстуарзондзинадæй, дисы нæ æфтауы уæ цардуагон хъæддыхдзинад æмæ оптимизм, æмæ махæн, нæлгоймæгтæн  иууыл зындæр рæстæджыты кæй свæййут фидар быцæутæ.

Зынаргъ сылгоймæгтæ! Æппæт нæлгоймæгты номæй уын бузныджы ныхæстæ зæгъын уæ хъармдзинад, æнувыддзинад, æмбарындзинад æмæ æххуысы тыххæй. Ацы уалдзыгон бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, фæрныгад, амонд, уарзт æмæ бинонты кæрæдзиæмбарынад. Уадз æмæ уемæ алыхатт дæр æмдзу кæна хорз зæрдæйы уаг, цард та йедзаг уа цинхæссæг æмæ ирд цаутæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.