Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын  цæрджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыныл 15 азы сæххæсты цытæн.

Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбар æхсæнадæмон субъектæй кæй банымадта, уый ссис Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы эпохалон цау, æрхаста нын, бирæ кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы сабырад æмæ æдасдзинад.

Мах ацы боны тыххæй бафыстам стыр аргъ. Никуы ферох кæндзыстæм, Хуссар Ирыстоны адæмы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл тохы йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны. Мах кад кæнæм Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты æхсардзинад æмæ хъæддыхдзинадæн, кæцытæ фæстæ нæ фæлæууыдысты иууыл зындæр минутты, æппæт уыдонæн, ссæдз азы дæргъы гуырдзиаг хæстон агресси æмæ карз блокадæ йæхиуыл чи бавзæрста, хæстон архайдтыты ветерантæн. Бузныг стæм Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæй, кæцы райста  махæн хъысмæтскъуыддзаггæнæн уынаффæ.

Уырны мæ, Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны хæлардзинад æмæ æфсымæрдзинады бирææнусон традицитæ, кæцытæ бафидар æрцыдысты алы æмæ алы азты саразгæ бардзырдтæй, дарддæр дæр кæй рæздзысты æмæ Хуссар Ирыстон та кæй адарддæр кæндзæн паддзахадон арæзтад, экономикæйы æмæ адæмон хæдзарады рæзт.

Зынаргъ хæлæрттæ! Мæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, амонд, фæрныгад æмæ сабыр арвы бын цæрыны фæндиæгтæ! Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады Сæрдар

ДЖУССОЙТЫ Константин

 

***

Зынаргъ æмзæххонтæ! Цытджын хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй  арфæ кæнын ахсджиаг бæрæгбон – Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 15 азы сæххæсты цытæн.

2008 азы 26 август у нæ республикæйы историйы иууыл ахсджиагдæр æмæ хъысмæтскъуыддзаггæнæн бонтæй сæ иу. Ацы бон, хæдбардзинады сæраппонд ирон адæмы тугкалæн тохы фæстæ, сæххæст адæмы æнусон бæллиц. Уæрæсейы къухдариуæгад райста вазыгджын уынаффæ хæдбардзинад банымайыны тыххæй. Уый ссис бæстæйы æмæ адæмы æдасдзинадæй сифтонг кæныны фидар гаранти.

Хæдбардзинад мах райстам бирæ амæттæгты, æнæбахæстгæнгæ зиæнттæ, æфхæрд хъысмæттæ æмæ карз фæлварæнты аргъæй. Ирыстоны мингай аккаг фырттæ æмæ чызджытæ сæ цард радтой сæ Райгуырæн зæххы сæрибардзинады тыххæй.

Адæмы бирææнусон тохы азфысты 2008 азы август ахсы ахсджиаг бынат, у куыд иууыл трагикон, афтæ уыцы иурæстæджы, хъайтарон фарс дæр. Ирон адæм, сæ равзаргæ фæндагæн æнувыд уæвгæйæ, æмæ сæ бæстæ хæдбар, тыхджын æмæ дидинæфтаугæйæ уынынмæ тырнындзинадæй, Уæрæсейы æххуысы фæрцы аккаг ныхкъхуырд радтой гуырдзиаг хæстон агрессийæн. Æхсардзинад, æнгомдзинад æмæ хъайтардзинад æвдисгæйæ, ирон адæм бахъахъхъæдтой  сæ бартæ сæ фыдæлты зæххы цæрынæн.

Уæрæсейы рæстаг æмæ политикон æгъдауæй арфхъуыдыгонд уынаффæ хæдбардзинад банымайыны тыххæй уыд адæмы фæндон æмæ æрхаста, бирæ кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы сабырад æмæ стабилондзинад.

Фынддæс азы Хуссар Ирыстоны адæм цæрынц æмæ кусынц сабыр арвы бын, ара-зынц демократон барадон паддзахад, скъуыддзаг кæнынц ахсджиаг хæстæ эко-номикæйы рæзт, царды æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны фæдыл.

Ацы бон мæ зæрдæ зæгъы республикæйы æппæт цæрджытæн æнæниз-дзинад, фæрныгад, сабырад, хорздзинад æмæ дидинæфтыд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

 Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

****

Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Аланӕн

15 азы сӕххӕст нӕ хуссайраг ӕфсымӕртӕ сӕ цард нӕ бавгъау кӕнгӕйӕ цы хӕдбардзинадыл тох кодтой, уӕдӕй! Ӕмӕ кӕд 2008 азы хӕсты хъӕдгӕмттӕ кӕронмӕ нӕ байгас сты, уӕддӕр абон  Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ цин кӕнынц, мах та – семӕ!

Уӕрӕсейы ӕххуысӕй 15 азы размӕ ӕрцыд историон цау, кӕцы иннӕрдӕм аивта  республикӕйы экономикон-политикон рӕзты фӕндаг,  ирон адӕмы хъысмӕт ӕмӕ йӕ фидӕн.

“Иры  Стыр  Ныхас”-ы Координацион совет арфӕ кӕны Республикӕ Хуссар Ирыстонӕн, йӕ хӕдбардзинадыл 15 азы кӕй сӕххӕст, уыимӕ. Ӕппӕт цӕрджытӕн нӕ зӕрдӕ зӕгъы хӕст куыд нал феной ӕмӕ иумӕйаг тыхтӕй амондджын ӕмӕ рухс фидӕнмӕ куыд цӕуой. Уадз ӕмӕ зӕла сывӕллӕтты хъӕлдзӕг хъӕлӕс, мадӕлты цинӕйдзаг худт!

Еналдыты Хъазыбег “Иры Стыр Ныхас”-ы номӕй

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.