«Уацамонгæ» – Ирыстоны ирвæзынгæнæгæн

 

РХИ-йы Президенты Администрацийæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй майрæмбоны, 25 августы Мæскуыйы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан фембæлд Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады советы сæрдары хæдивæг Дмитрий  Медведевимæ.

Медведев раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны сæргълæууæг æмæ адæмæн Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны банымадыл 15 азы сæххæсты боны цытæн, загъта сын хæрзиуджытæ æмæ æнтыстыты фæндиæгтæ.

«2008 азы Уæрæсе цы уынаффæ райста, уый  хуымæтæг уынаффæ нæ уыд, фæлæ уыд Кавказ сабырдзинадæй сифтонг кæныны, республикæйы цæрджыты цард æмæ æнæниздзинад бахъахъхъæныны æмæ стыр хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæныны уынаффæ. Уæдæй фæстæмæ нæ цæдисон, хæларадон ахастытæ æнтыстджынæй рæзынц, уыцы хъуыддаг дарддæр дæр æнæмæнгæй рæздзæнис», – загъта Дмитрий  Медведев.

Гаглойты Алан бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Фе-дерацийы къухдариуæгадæн, 2008 азы Хуссар Ирыстонæн хъысмæтскъуыддзаггæнæг уынаффæ кæй райста, уый тыххæй.

«Нæ республикæйы чысылæй, стырæй зонынц, 2008 азы 26-æм августы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны тыххæй №1261 барамынд дæ номимæ баст кæй у. Уыцы барамынд уыд, Гуырдзыстоны – мæнгард агрессоры сабырадмæ тыхæй æркæныны фæдыл æфсæддон операцийы логикон кæронбæттæн.

Нæ адæмы мысынады 26-æм августæй æхсызгондæр бæрæгбон нæ уыд. Уыцы бон хæствæллад Цхинвалы централон фæзуаты чи уыд,  уыдон банкъардтой, бирæ азты дæргъы уæззау хъизæмæртты æмæ адæймæгты æнамонддзинæдты фæстæ  нæм чи æрцыд, уыцы æцæг амонды ад», – загъта уый.

Президенты ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымад ын йæ разы байгом кодта сабырадон рæзты уæрæх фадæттæ.

«Уæрæсейы æгæрон æххуысы фæрцы сæндидзыдта хæсты фæстиуæгæн ныппырхгонд хæдзарад. Рынчындæт-тæ, скъолатæ, скъолайы агъоммæ уагдæттæ, цæрæн хæ-дзæрттæ, фæндæгтæ, газуадзæн – æппæт уыдæттæ ногæй арæзт æрцыдысты Уæрæсейы фæрцы. Алкæмæн дæр зынд-гонд у 1774 азы Ирыстон барвæндонæй Уæрæсейы импе-рийы скондмæ кæй бацыд. Уæдæй фæстæмæ ирон адæм нæ фæивтой сæ фæндон. Фæндвидарæй зæгъдзынæн уый, æмæ мах абон дæр цæттæ кæй стæм Уæрæсеимæ интеграцимæ, суанг Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуынмæ дæр, уыцы историон цауæн геополитикон уавæртæ куы фæзына, уæд», – банысан кодта Гаглойты Алан.

Президент Дмитрий Медведевы фæхуыдта Хуссар Ирыстонмæ, загъта йын, цæмæй æрцæуа, фадат ын куы уа, уæд.

Президент Гаглойты Алан Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады советы сæрдары хæдивæг Дмитрий Медведевы схорзæхджын кодта республикæйы уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йæ.

«Стыр бузныджы ныхæстимæ мæ фæнды радтон дын республикæйы уæлдæр паддзахадон хорзæх, нæ адæмæн цы стыр хорздзинæдтæ сарæзтай, уый тыххæй. Стыр бузныг дын», – хорзæх дæтгæйæ загъта Президент.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.