Цытджын æмзæххонтæ!

Арфæ уын кæнын Уырыссаг æвзаджы боны цытæн!

Æвзаг уыд æмæ уыдзæн адæмы монон хæзна, йæ удæгас культурон бын. Уырыссаг æвзаг у размæдзæуæг дунеон æвзæгтæй сæ иу, ис ын егъау потенциал æмæ милуангай адæмæн лæггад кæны æхсæннацион ныхас кæныны фæрæзæй.

Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг, куыд дыккаг паддзахадон æвзаг, у республикæйы цæрджыты ахуырад, культурæ, æхсæнадон-политикон цард æмæ æрвылбонон ныхас кæныны æнæфæхицæнгæнгæ хай. Республикæ Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаджы зонынад ис бæрзонд æмвæзадыл æмæ нын уæрæх фадæттæ дæтты æппæтварсон архайдæн, рæзтæн, зонындзинæдтæ райсынæн, монон хъæздыгдзинадæн.

Уырыссаг æвзаджы бон æнæхъуаджы нæ нысан кæнæм зынгæ национ поэт, драматург, нырыккон уырыссаг литературон æвзаджы бындурæвæрæг Пушкин Александр Сергейы фырты райгуырæн боны, кæцыйы уацмыстæ сты æнæмæлгæ æмæ актуалон абоны бон дæр.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Уарзут уырыссаг æвзаг, уæ зæрдыл дарут, уырыссаг æвзаг хæзна кæй у, йæ рæсугъддзинады тыххæй! Уадз, æмæ нæ райгуырæн зæххы алы цæрæгæн уырыссаг æвзаджы бон уа сабырад, разыдзинад æмæ хорздзинады бæрæгбон!

Мæ цæст уын уарзы амонд, фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

***

Зынаргъ æмзæххонтæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын Уырыссаг æвзаджы боны цытæн!

Уырыссаг æвзаджы бон æнæхъуаджы нысан нæ цæуы 6-æм июны – уыцы бон Мæскуыйы райгуырд Пушкин Александр Сергейы фырт – поэт, кæцыйы литературон сфæлдыстад æмдзу кæны нæ цардимæ.

Абон уырыссаг æвзаг у æхсæнпаддзахадон æмæ æхсæннацион ныхас кæныны фæрæз, ахъаз кæны бастдзинæдтæ æмæ адæмы ‘хсæн кæрæдзиæмбарынад сфидар кæнынæн, у дунеон культурон бындары хай.

Хуссар Ирыстоны уырыссаг æвзаг ирон æвзагимæ у паддзахадон, кæцы фадат дæтты иу адæм уæвынæн. Уымæ гæсгæ нæ иумæйаг хæзна – стыр уырыссаг æвзаг хъахъхъæнын нæ иумæйаг хæс у.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, циндзинад, сабырад æмæ дидинæфтыд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар БЕКЪОЙТЫ Геннади

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.