Зынаргъ æмзæххонтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын нæ адæмы иууыл кадджындæр бæрæгбонтæй сæ иу – Джиуæргуыбайы боны цытæн.

Ацы бæрæгбон Ирыстоны традицион динон бæрæгбонты къæлиндары ахсы ахсджиаг бынат æмæ рагæй фæстæмæ ссис адæмы иудзинады, хорздзинад æмæ рæстдзинадмæ ныфсы символ. Ацы бон мах ныфсы æнкъарæнтимæ кувдзыстæм лæгты бардуаг – Уастырджимæ, Уæлдæр тыхтæм, кæцытæн кад кæнынц Ирыстоны, курдзыстæм нæ зæххы сабырдзинад, нæ хиуæтты æмæ бинонты æнæниздзинад æмæ амонды тыххæй, æхсæнады кæрæдзимбарынад æмæ нæ адæмæн амондджын фидæны тыххæй.

Сымахæн уе ‘ппæтæн дæр мæ цæст уарзы æнæниздзинад, амонд, фæрныгад! Уастырджийы хорзæх уæ уæд æмæ фæрнæйдзаг ут, мæ зынаргъ адæм!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

***

Арфæ – Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады  боны фæдыл

Зынаргъ æмзæххонтæ! Цытджын хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Æхсардзинад æмæ адæмы иудзинады боны цытæн!

Бæрæгбонон къæлиндары 23 ноябрь ахсы ахсджиаг бынат, куыд нæ адæмы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд национ-сæрибаргæнæн змæлды райдиан. Нæ лæппуты удуæлдайдзинад æмæ хъайтардзинады фæрцы, кæцытæ аккагæй фæлæууыдысты Цхинвалмæ бирæминон гуырдзиаг неформалты æрбабырсты ныхмæ, уыцы адæмы сгуыхтдзинæдтæ, кæцытæ хæцæнгарзимæ хъахъхъæдтой райгуырæн зæххы алы гæппæл дæр, мах абон стæм суверенон, хæдбар паддзахад. Сæрыстырдзинады æнкъарæнтæ æв-зæрын кæнынц нæ хъахъхъæнджытæ, кæцытæ равдыстой æхсардзинад æмæ хъæддыхдзинад, фæндвидардзинад æмæ нæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады фæндон. Нæ хæс у, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ фидæн, Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд сæ цард цы хъахъхъæнджытæ радтой, уыдоны рухс нæмттæ.

Зын рæстæджыты нæ адæм фенын кодта физикон æгъдауæй скуынæг кæныны ныхмæ æнгомæй фæлæууыны курдиат, нæ адæм, не ‘взаг, нæ культурæ, Райгуырæн зæхх бахъахъ-хъæныны тырнындзинад равдисгæйæ. Æмæ абон, æхсæнады быцæудзинæдтæм нæ кæсгæйæ, мæн ныфс ис, махæн нæ бон кæй  у æмæ кæй хъуамæ уа ифтонг кæнын нæ республикæйы сабырад æмæ разыдзинад, цæмæй, куыд иумæйаг æнгом адæм, скъуыддзаг кæнæм нæ разылæууæг зын фарстытæ æмæ куыд вирус аиуварс кæнын, экономикæ æмæ адæмон хæдзарад сæндидзын кæнын, адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæнын. Ныфс уын æвæрын, Парламент кæй у нæ пад-дзахаддзинады бындуртæй сæ иу, æмæ алы хатт дæр уыдзæн адæмы сæрибардзинады фæндагамонæг.

Мæ цæст уын уарзы, зынаргъ æмзæххонтæ, фидар æнæниздзинад, фæрныгад, амонд æмæ æнтыстытæ, сабырад æмæ дидинæфтыд нæ уарзон Ирыстонæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

 Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.