Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цардæмбал Куымæридтаты Линдайæн Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты боны цытæн.

Уæрæсейаг паддзахады сæргълæууæджы номæй йын арфæйы фыстæг æмæ дидинджытæ балæвар кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Владимир Путин банысан кодта сылгоймаджы нысаниуæг бинонты ‘хсæн, йæ уды хъармдзинад æмæ уæздандзинад.

«Æппæт рæстæджыты сылгоймаг хъахъхъæдта хæдзары артдзæсты хъармдзинад, хиуæттæн лæвар кодта уарзондзинад, æнувыддзинад. Нæ дунейы нын кодтой хуыздæр.

Мæ цæст дын уарзы æнæниздзинад æмæ æнтыстытæ», – дзырдæуы телы.

Куымæридтаты Линдамæ ма Марат Кулахметов радта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустины арфæйы фыстæг.

«Ацы бæрæгбон æвдисæн у сылгоймаджы рæсугъд-дзинад, зæрдæскъæфдзинад æмæ æнувыддзинадæн. Уый йедзаг у æхсызгон уысмтæй, лæвар кæны циндзинад æмæ хорз зæрдæйы уаг. Уадз, æмæ дæ царды фылдæр уæд ахæм бонтæ, хæдзары та уæд циндзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад. Мæ цæст дын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад, æнтыстытæ дæхицæн æмæ дæ хиуæттæн», – дзырдæуы арфæйы фыстæджы.

Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжанияйы номæй Куымæридтаты Линдайæн раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.