Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн цымыдисон мадзал уагъд æрцыд горæт Къуайсайы. Уыцы бон ацы горæты Культурæйы хæдзармæ æрбамбырд бирæ адæм, куыд горæт Къуайсайы, афтæ ацы комы хъæуты цæрджытæ дæр æмæ æхсызгонæй бакастысты бæрæгбонон концертмæ. Мадзал сорганизаци кодта Культурæйы хæдзары вокалы ахуыргæнæг Зассеты Алан. Афтæ ма йæм йæ хайбавæрд бахаста Культурæйы хæдзары директор Зассеты Владимир.

Концертон программæ байгом национ массон кафт «Симд»-æй Къæбысты Павелы къухдариуæгадæй, цыран хистæркъласонты æмрæнхъ ралæууыдысты иууыл чысылдæр кафджытæ  дæр.

Уый фæстæ сылгоймæгтæн арфæйы ныхæстæ загъта горæт Къуайсайы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Хуыгаты Ибрагим. Бафæндыд æй уыдонæн иууыл хуыздæр фæндиæгтæ сæ царды, бинонты амонд æмæ фидар æнæниздзинад. Банысан кодта, царды сылгоймагæн стыр нысаниуæг кæй ис, уый тыххæй.

Хистæркъласон чызджытæ тынг аив сæххæст кодтой цалдæр кафты Зассеты Зазайы къухдариуæгадæй. Къуыдаргомы адæм рæвдз сты зарынмæ дæр. Ацы комæй рацыд бирæ зынгæ зарæггæнджытæ. Концерты вокалон хайы хайад райстой Зассеты Алан æмæ йæ хъомылгæнинæгтæ вокалон къорд «Браво»-йы уæнгтæ. Зассеты Алан, Багаты Влада, Танделаты Анастасия, Гæджиты Лаурæ, Теблойты Камиллæ æмæ æндæртæ сæххæст кодтой бирæ рæсугъд зарджытæ. Сывæллæттæ бакастысты мадыл фыст æмдзæвгæтæ, кæцыты бацæттæ кодта горæт Къуайсайы библиотекæйы библиотекарь Багаты Асиат.

Бæрæгбонон мадзалы ма хайад райстой Культурæйы хæдзары æндæр коллективтæ дæр Къæ-бысты Нинæ æмæ Козаты Тотырбеджы къухдариуæгадæй. Фæн-дырыл ирон мелодитæ сæххæст кодтой Танделаты Янæ æмæ Битеты Азæмæт. Сывæллæттæ ацагътой гуымсæгыл. Концерты кæрон къорд «Браво»-йы уæнгтæ аив сæххæст кодтой «Мама Мария»-йы.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ зал кæй уыд бæрæгбонвæлыст, кæцыйы сфæлындзыдтой Культурæйы хæдзары кусджытæ. Сценæмæкæсджытæ райгондæй  кæй баззадысты, уый æвдыстой сæ тыхджын къухæмдзæгъды фæрцы, афтæ ма уыдон арфæйы ныхæстæ дзырдтой концерты хайадисджытæ æмæ сæ чи бацæттæ кодта, уыдонæн. Культурæйы хæдзармæ æрбамбырдуæвджытæ райгондæй здæхтысты концертæй, уыимæ коронавирусы пандемийы аххосæй ныр цасдæр рæстæджы уагъд нал цыдысты ахæм алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ.

Джиоты Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.