Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цардæмбал Куымæридтаты Линдæйæн.

Арфæйы тел æмæ йын дидинджыты баст Уæрæсейаг паддзахады сæргълæууæджы номæй балæвар кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

«Ацы диссаджы уалдзыгон бæрæгбон рæсугъд у дидинджытæй æмæ сылгоймæгты мидбылхудтæй, хъарм у сымах номыл зæрдæйæ цæугæ хорз ныхæстæй.

Мæ цæст дын уарзы, цæмæй ды алыхатт дæр уай  дæ хиуæтты æмæ хæлæртты хъусдарды бын, дæ хæдзары та уа уарзондзинад æмæ фæрныгад. Æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ иууыл хуыздæр хæрзиуджытæ дæ хай уæт», – дзырдæуы телы.

Куымæридтаты Линдæмæ ма Марат Кулахметов радта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустины арфæйы тел дæр.

«Ацы боны бузныджы ныхæстæ загъд цæуынц адæймагады рæсугъддæр хайæн.

Уадз æмæ алыхатт дæр æфсæст у дæ зынаргъ адæмы хъусдардæй, æнтыстытæ, æнæниздзинад, циндзинад, амонд æмæ фæрныгад дæхицæн æмæ дæ бинонтæн», – дзырдæуы арфæйы телы.

Республикæ Абхазы Президент Аслан Бжанияйы номæй хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæджы цардæмбалæн иууыл хуыздæр фæндиæгтæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Республикæ Абхазы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан.

Сылгоймæгты дунеон бон 8-æм марты цытæн ма Куымæридтаты Линдайæн раарфæ кодтой Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Леонид Пасечник, Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилин.

***

Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта депутатон этикæйы фæдыл Уæрæсейы Федерацийцы Паддзахадон думæйы къамисы сæрдар ВалентинаТерешковайæн йæ юбилей æмæ Сылгоймæгты дунеон бон 8-æм марты  цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Валентина Владимиры чызг!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ юбилейы цытæн.

Алыгъуызон бынæтты бирæ азты дæргъы архайды ды равдыстай къухдариуæггæнæджы хуыздæр миниуджытæ – бæрндзинад, нысанмæтырнындзинад æмæ хъуыддагæн лæггад кæныны æнувыддзинад.

Ныфс мæ ис, дæ бæрзонд профессионализм, хъуыддагыл æнувыддзинад, принципиалондзинад дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзысты дæ бæрнджын æмæ бирæварсон архайды Уæрæсейы Федерацийы адæмы хæрзиуæгæн.

Дæ райгуырæн боны дын, цытджын Валентина Владимиры чызг, мæ цæст уарзы æнæниздзинад, бинонты фæрныгад, æвидигæ энерги æмæ дидинæфтыд.

Уавæрæй пайда кæнгæйæ дын арфæ кæнын Сылгоймæгты дунеон бон 8-æм марты цытæн дæр»

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.