АРФÆТÆ – УÆРÆСЕЙЫ БОНЫ ЦЫТÆН

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли арфæйы тел арвыста Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинмæ Уæрæсейы боны сæраппонд.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Владмиры фырт,

Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады, адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын дæуæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы æппæт бирæнацион адæмæн национ бæрæгбон – Уæрæсейы боны цытæн.

Хуссар Ирыстоны, цыран цæрджыты фылдæр хай сты уæрæсейаг æмбæстæгтæ, Уæрæсейы бон нысан кæнынц куыд паддзахадон бæрæгбон афтæ, нæ адæмы историон хъысмæты Уæрæсейы Федерацийы стыр нысаниуæджы нысанæн. Хуссар Ирыстоны алы цæрæг алыхатт дæр бузныгимæ йæ зæрдыл дардзæнис уыцы стыр æххуыс, кæцы нæ республикæйæн кæны Уæрæсейы Федераци.

Цытджын Владимир Владимиры фырт, ацы нысаниуæгджын боны дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ уæрæсейаг паддзахады сæргъ-лæууæджы бынаты кусгæйæ, Стыр Уæрæсейы адæмæн та  сабырдзинад, царды æппæт хæрзиуджытæ æмæ дидинæфтыд».

Бибылты Анатоли ма Уæрæсейы боны цытæн арфæйы телтæ арвыста УФ-йы Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведевмæ, УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкомæ, Уæрæсейы Фе-дерацийы Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володинмæ, УФ-йы Президенты æххуысгæнæг Владислав Сурковмæ, УФ-йы Президенты управленийы хистæр Алексей Филатовмæ, УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровмæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæст-барджын минæвар Марат Кулахметовмæ.

***

РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Дмитри Медведевæн Уæрæсейы хæдбардзинады боны сæраппонд.

«Цытджын Дмитрий Анатолийы фырт!

Айс мын мæ иууыл хуыздæр арфæтæ паддзахадон бæрæгбон  Уæрæсейы боны цытæн!

Уый у хъæздыг истори, стыр культурон æмæ хъæздыг бынтæ кæмæн ис, уыцы бæстæйы бæрæгбон. Уæрæсейы къухдариуæгады уадзгæ стратегион курс, кæцы здæхт у экономикæйы арф модернизацимæ, уæрæсейæгты царды гъæд фæхуыздæр кæнынмæ, Уæрæсейы дунеон авторитет сфидардæр кæнынмæ, æддагполитикон бастдзинæдтæ фæарфдæр кæнынмæ, уыцы нымæцы Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн стратегион партнерондзинадæн нæ республикæйы ис уæрæх фарсхæцынад.

Уырны мæ, афтæ кæй уыдзæн дарддæр дæр. Ацы нысаниуæгджын боны дын мæ зæрдæ зæгъы сабырдзинад, амонд, фидар æнæниздзинад, æппæт хъуыддæгты æнæаив-гæ æнтыстытæ!», – дзырдæуы арфæйы телы.

ГАССИТЫ ПЕТРЫ АРФÆ ВАЛЕНТИНА МАТВИЕНКОЙÆН ÆМÆ ВЯЧЕСЛАВ ВОЛОДИНÆН

Арфæйы телы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

Айсут мæ иууыл хуыздæр арфæтæ национ бæрæгбон  Уæрæсейы боны цытæн!

Ацы бæрæгбонæн ис уæлдай арфдæр нысаниуæг, уымæн æмæ Советон Цæдисы ныппырхы фæстæ æвзонг Уæрæсейаг паддзахады рæзты цаутæ уыдысты уæззау æмæ риссаг. Фæлæ æнæбауырнгæ тыхархайдтыты, бæстæйы фидæны иудзинадмæ æмæ бæрндзинадмæ тырнындзинады руаджы уæрæсейаг адæмы къухты бафтыд Уæрæсейы егъау æмæ сæрибар паддзахадæй бахъахъхъæнын, афтæ ма бæстæйы æнæхъæн-дзинад æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæнын, дунеон аренæйы йæ позицитæ сфидар кæнын. Нырыккон Уæрæсе тырны экономикæйы рæзт æмæ модернизацимæ, æмбæстæгты царды гъæд фæхуыздæр кæнынмæ.

Уырны мæ, нæ бæстæты ‘хсæн баст-дзинæдтæ ноджыдæр кæй фидардæр кæндзысты, кæцытæ арæзт æрцыдысты хæлардзинад æмæ æууæнкдзинады бындурыл, æхсæнпарламентон æмгуыстады рæзт дарддæр дæр кæй лæггад кæндзæн нæ адæмты интерестæн.

Мæ зæрдæ уын зæгъы, æнæниздзинад, снысангонд плæнтты царды ныббиноныг кæнын, æмæ Уæрæсейы æфсымæрон адæмæн та  сабырдзинад æмæ фæрныгад».

БАШАР АСАД: «ÆХСЫЗГОНДЗИНАД ÆВДИСГÆЙÆ ТЫРНЫН ДЫУУÆВАРСОН ÆМГУЫСТАД АДАРДДÆР КÆНЫНМÆ»

Республикæ Хуссар Ирыстонимæ дыууæварсон ахастытæ сфидар кæныныл иу аз кæй сæххæст, уый сæраппонд Сирийаг Арабаг Республикæйы президент Башар Асад арфæйы тел æрæрвыста РХИ-йы Президент Бибылты Анатолимæ, цыран, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын господин Президент, зынаргъ хæлар!

Сирийаг Арабаг Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ сфидар кæныныл иу аз кæй сæххæст, уый сæраппонд æхсызгонæй æвдисын нæ тырнындзинад æмгуыстад адарддæр кæныны тыххæй. Иу азмæ бакæнгæ куыстыл бындуриуæг кæнгæйæ, æппæт тыхтæй дæр архайдзыстæм дыууæварсон æмгуыстад сфидардæр кæныны сæраппонд, цæмæй размæ цæуæм æмгуыстады ног горизонттæм нæ дыууæ адæмты фæрныгады тыххæй.

Афтæхуыйнæг стыр паддзахадты æбæрн политикæйы тыххæй дунейы сæвзæргæ тæссагдзиндтæ æмæ дунеон барад нысанмæздæхтæй кæй халынц, уыдæттæ æппæт сæрибар нацитæ æмæ адæмтæй домынц хæдбар уынаффæтæ райсын, ног фæлтæртæн æдас æмæ ныфсджын фидæн сифтонг кæныны тыххæй иумиаг куыст, кæцытæ сæрибар сты фыдбылыз æмæ æлгъаг терроризмы æлдариуæгадæй».

***

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Тотоонты Александрæн Мæскуыйаг ирон æхсæнады советы сæрдарæй æвзæрст кæй æрцыд, уый сæраппонд.

Арфæйы телы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Александр Барисы фырт,

Арфæ дын кæнын Мæскуыйаг ирон æхсæнады советы сæрдарæй æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый сæраппонд. Æхсæнады сæрдарæй æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый дзурæг у, де ‘мфыдыбæстæйонтæ дын кæй кад кæнынц æмæ дыл кæй æууæндынц, ууыл. Ахæм ном ды дæхицæн скодтай дæ архайды азты дæргъы.

Уырны мæ, дæ къухдариуæгады бын Мæскуыйаг ирон æхсæнад кæй рахиздзæн хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæныны рæзты ног гъæдджын къæпхæнмæ, кæцытæ лæу-уынц этнос бахъахъхъæныны, Уæрæсейы Федерацийы цæрæг æндæр адæмтимæ æмгуыстады рæзты фæдыл национ ирон змæлды раз.

Цытджын Александр Барисы фырт, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, царды æппæт хæрзиуджытæ, æнтыстытæ де ‘хсæнадон архайды Ирыстоны фæрныгадæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.