Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Культурæ у стыр хæзна, кæцы биноныг кæны нæ адæмы национ хъуыдыкæнынад. Йæ бындуры ис гуманистон идеалтæ, кæцытæ фидар кæнынц хуссарирыстойнаг æхсæнад æмæ нын нæ цард кæнынц ирддæр æмæ хуыздæр.

Культурæйæн лаггад кæнынæн цы адæм снывонд кодтой сæхи, уыдон хæссынц бæрзонд рухстауæн мисси. Уæ архайд здæхт у ирæтты хъæздыг историон-культурон бынтæ, монон-хæрзнамысон традицитæ æмæ хæзнатæ хъахъхъæнын æмæ хъæздыг кæнынмæ. Нæ дуне нын ирд эмоцитæ æмæ гармонийæ йедзаг кæнгæйæ, сымах аразут уникалон культурон тыгъдад, кæцы иу кæны милуангай адæймæгты.

Бузныджы ныхæстæ зæгъын равзаргæ фæндагыл æнувыд-дзинады, профессионализм æмæ дæсныдзинады тыххæй. Ныфс мæ ис, сымахæн дарддæр дæр уæ къухты кæй æфтдзæн иууыл бæрзонддæр фæстиуджытæ, адæмæн кæй æххуыс кæндзыстут, цымыдисонæй æмæ пайдаимæ сæ сæрибар рæстæг  æрвитынæн.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидийгæ сфæлдыстадон энерги æмæ дард-дæры æнтыстытæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн! Сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Культурæйы цытджын кусджытæ æмæ ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Культурæйы кусæджы боны цытæн!

Рагæй фæстæмæ адæймаг тырныдта рæсугъддзинад фæлдисынмæ, уый фæстæ та, цы сарæзта, уый бахъахъхъæнынмæ. Уый у курдиатджын адæймæгтæн сæрмагонд лæвар, кæцытæ бирæ æнусты дæргъы æрмæст аразгæ нæ кæнынц, фæлæ дарддæр дæр хъæздыг кæнынц адæмы культурон хæзнатæ. Æвæццæгæн уымæ гæсгæ культурæйы фадыджы кусынц ахæм адæймæгтæ, кæцытæ хатынц рæсугъддзинад, нæ царды алыварс цы ис, нæ национ культурæйы ивгъуыдæн, абоны бонæн, æмæ фидæнæн чи аргъ кæны, ахæмтæ. Культурæйы кусджытæн ис стыр нысаниуæг нæ хъæздыг культурон бынтæ бахъахъхъæнын æмæ рауæрæх кæныны, фæсивæд хъомыл кæнынмæ хæссынц, саргъгæнæн кæмæн нæй, ахæм хайбавæрд, рæсугъддзинад, адæмы традицитæ, æгъдæуттæ æмæ культурæ сын уарзын кæнгæйæ. Ахъаз кæнынц æвзонг курдиæттæ сбæрæг кæнын æмæ ног цымыдисон проекттæ аразынæн.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, уæлтæмæнад, æвидийгæ энерги, сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.