Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Культурæйы кусæджы боны цытæн!

Абон мах кад кæнæм, ахæм бæрнон æмæ кадджын мисси лæвæрд кæмæн æрцыд – удварнон-хæрзнамысон, моралон æмæ эстетикон хæзнатæ, ирон адæмы традицитæ фидæны фæлтæртæн бахъахъхъæнын æмæ адæттын, кад кæнæм æппæт уыдонæн, нæ бæстæйы нын ирддæр æмæ хуыздæр чи кæны. Ацы бæрæгбон у нæ уыцы æмбæстæгты, кæцытæ ахсджиаг хайбавæрд бахастой ирæтты зынаргъ историон-культурон бынтæ фылдæр кæнынмæ æмæ Райгуырæн бæстæйæн скад кодтой се стыр æнтыстытæй.

2019 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны расидт æрцыд Хетæгкаты Къостайы азæй. Æмæ закъонбæрцон у, бæстæйы культурон царды æрæджы  кæй æрцыд стыр цау: Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры бæстыхайы стыр æнтыстимæ равдыстæуыд, æнæрхъæцæй кæмæ æнхъæлмæ кастыстæм, уыцы спектакль «Фатимæ». Культурæйы фадыджы кусджытæн бантыст равдисын ирон театралон аивады хъомысджын тых, ирæтты бирææнусон традициты æнæфæцудгæдзинад.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын кафджытæ æмæ музыканттæн, нывгæнджытæ æмæ фысджытæн, реставратортæ æмæ сывæллæтты аивæдты скъолаты ахуыргæнджытæн, музейты, хъæууон клубты, адæмон сфæлдыстады центрты æмæ библиотекæты кусджытæн. Бузныг уын уæ хъуыддагæн лæггад кæныны тыххæй.   Ныфс мæ ис, уæ дæсныдзинад, курдиат æмæ равзаргæ хъуыддагыл æнувыддзинады руаджы сымахæн дарддæр дæр уæ къухты кæй бафтдзæн иууыл бæрзонддæр профессионалон фæстиуджытæ, нæ цард нын ирд эмоцитæй, арф æнкъарæнтæ æмæ гармонийæ йедзаг кæнгæйæ.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, уæлтæмæнад, æвидигæ хъарутæ æмæ дарддæры сфæлдыстадон æнтыстытæ. Сабырад, амонд æмæ фæрныгад –  уæхицæн æмæ уæ бинонтæн.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæнт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

 

***

Культурæйы фадыджы кусджытæн ма сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн раарфæ кодтой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.