Культурæйы цытджын кусджытæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон  Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы кусджыты боны цытæн. Ацы бæрæгбон кæй сфидар кодтам æмæ йæ кæй нысан кæнæм, уый у, паддзахад уын уæ æвæллайгæ фыдæбонæн, национ культурæ æмæ бæрзонд аивадæн цы стыр аргъ кæны, уый æвдисæн. Нæ бæстæйы æрцæугæ æвирхъау цаутæ никуыд бандæвтой ацы къабазы социалон райрæзтыл.

Нæ республикæйы æппæтты уæззаудæр бонты сымах иунæг уысм дæр уæ куыст не ‘рурæдтат, дзыллæйы цайдагъ кодтат национ культурæйы хуыздæр традицитыл. Стыр кады аккаг у сфæлдыстадон коллективты  æмæ республикæйы культурон-рухстауæг уагдæтты куыст æфсæддон агресси æмæ æгъатыр блокадæйы уавæрты.

Фæндвидарæй нæ бон у зæгъын, нæ дзыллæ бирæбæрцæй уæ фæрцы кæй бафæрæзта дыууыназыккон зындзинæдтæ. Сымах æртывæр кодтат адæмы тых æмæ йæ разæнгард кодтат хъæбатырдзинæдтæм. Культурæ-йы архайджытæй бирæтæ æд хæцæн-гарз растадысты знаджы ныхмæ æмæ бабын сты нæ райгуырæн бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд.

Зынаргъ æмбæлттæ! Национ культурæ æмæ аивады райрæзты фарстытæ кæддæриддæр сты нæ паддзахады лæмбынæг хъусдарды бын. Уыдæттыл дзурæг сты бирæнымæц ногарæзт культурон объекттæ, ахæмтæ куыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театр, Национ музейы бæстыхай, Галаты Барисы номыл паддзахадон ансамбль «Симд», цалдæр Культурæйы хæдзары æмæ хъæууон клубы. Ууыл дзурæг ма сты Хуссар Ирыстоны культурæ æмæ аивады зындгонд архайджыты æнтыстытæ престижон фестивалтæ æмæ конкурсты дæр, уый тыххæй нæ республикæйы ис алы уавæртæ дæр.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ зæрдæ зæгъы, цытджын æмбæлттæ, сабырад, амонд æмæ фæрныгад. Но-джыдæр уын уæнт æнтыстытæ æмæ уæлахизтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид

***

Культурæйы цытджын кусджытæ, аивады архайджытæ, ацы къабазы ветерантæ!

Бар мын раттут Хицауады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын раарфæ кæнон уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Кæцыфæнды дуджы дæр культурæ нымад уыд æхсæнады монон бындурыл, гоймаджы райрæзты монон-хæрзæгъдау райрæзты ратæдзæныл. Нæ национ культурон æвæрæнтæ бахъахъхъæд æрцыдысты æмæ ноджыдæр фылдæрæй-фылдæр кæнынц уæ фæрцы: артистты, музыкантты, нывгæнджыты, музейты, библиотекæты, Культурæйы хæдзæртты æмæ æндæр культурон уагдæтты кусджыты  стыр миссийы минæвæртты руаджы. Ацы къабазмæ уæ хайбавæрд у егъау.

Культурæйыл уæ æнувыддзинады, бæрзонд аивады рæсугъддзинад æмæ удрухсдзинады руаджы Республикæ Хуссар Ирыстоны культурон цард никуы бамынæг, æгæрыстæмæй æппæты уæззаудæр рæстæджыты дæр.

Стыр æхсызгонæн, уыцы зындзинæдтæ баззадысты ивгъуыд рæстæджы. Абон культурæйы къабаз стыр æнтыстытимæ рæзы, арæзт цæуынц ног культурон уагдæттæ  цасы аргъ у æрмæстдæр нæ Драмтеатр –  æвæрд цæуынц бæрзонд æмвæзадыл спектакльтæ, уагъд цæуынц концерттæ, зындгонд æмæ æрыгон нывгæнджыты равдыстытæ, литературон бакастытæ æмæ сфæлдыстадон изæртæ. Сæдæгай лæппутæ æмæ чызджытæ та цайдагъ кæнынц музыкæ æмæ кафтыл, сфæлдыстадыл, монон хъæздыгдзинæдтыл.

Зынаргъ æмбæлттæ!

Стыр бузныг уын уæ цæсгомджын куысты æмæ бæрзонд профессионализмы тыххæй! Ацы нысаниуæгджын боны уын уæ хиуæттæ æмæ хæстæджытимæ мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ амонд! Ирд сфæлдыстадон æнтыстытæ æмæ æгæрон уæлкурдиат!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти

 

***

Культурæйы цытджын кусджытæ!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон  Культурæйы кусæджы боны цытæн.

Монон традицитæ бахъахъхъæнын æмæ хъæздыгдæр кæнын у бæрнон æмæ хæрзаудæн мисси. Уæ удцырынгæнæн æмæ æвæллайгæ куысты руаджы цард кæны ирддæр, цымыдисондæр æмæ хъæздыгдæр.

Сымах бирæ аразут нæ историон-культурон бынтæ бахъахъхъæнын æмæ фæхъæздыгдæр кæныны тыххæй. Уæ цымыдисон уацмысты руаджы уæ потенциал реализаци кæнгæйæ, сымах адæмы кæнут, арф æнкъарæнтæ æмæ философон хъуыдытæй йемыдзаг дунемæ, ахъаз кæнут нæ уникалон национ хæдбындурдзинад бахъахъхъæнынæн.

Уæлдай тынгдæр мæ фæнды банысан кæнын музейты, библиотекæты кусджыты, хъæууон клубты, Сывæллæтты сфæлдыстадон хæдзæртты ахуыргæнджыты архайд, кæцыты куыст, æнæдызæрдыгæй у, тынг ахсджиаг.

Культурæйы цытджын кусджытæ! Зынаргъ хæлæрттæ! Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд, царды æппæт хæрзиуджытæ, æнтыстытæ, уæ аивадон фæндтæ æмæ плæнтты реализаци æмæ сфæлдыстадон уæлкурдиат.

РХИ-йы Парламенты Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Мамиты Инал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.