Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Аслан Бжаниайæн Республикæ Абхазы Президенты бынатмæ æвзæрст кæй æрцыд, уый цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Аслан Георгийы фырт!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Республикæ Абхазы Президенты бынатмæ æвзæрст кæй æрцыдтæ, уый цытæн.

22 марты иумæйаг президентон æвзæрстыты дæ уæлахиздзинад у дæ авторитеты банымад. Абхазы адæм цы æвзæрст сарæзтой, уый у национ паддзахаддзинад сфидар кæнын, социалон-экономикон рæзт, цæрджыты фæрныгады рæзт æмæ æхсæнады консолидацийы фæдыл дæ программæйы ирд демонстраци.

Ныфс мæ ис, дæ хайадистæй не ‘фсымæрон адæмты ‘хсæн цы хæларадон ахастытæ сæвзæрд, уыдон дарддæр дæр кæй рæздзысты.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Аслан Георгийы фырт, фидар æнæниздзинад, Абхазы паддзахады сæргълæууæджы бæрнджын мисси æххæст кæныны æнтыстытæ, абхазы адæмæн та – сабырад æмæ дидинæфтыд

Арфæтæ – Культурæйы кусæджы боны цытæн

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Культурæйы кусæджы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон æнгом кæны сфæлдыстадон профессийы минæвæртты, аивады архайджыты, ирон адæмы историон æмæ культурон хæзнаты хъахъхъæнджыты.

Культурæйы кусджытæ æххæст кæнынц бæрзонд æмæ уæздан мисси – æххуыс кæнынц духовон хæзнатæ хъахъхъæнынæн, национ æнкъарынад æвзарын кæнынц, цардмæ хæссынц бæрæгбон, циндзинад æмæ рæсугъддзинад. Уæ зын куыст здæхт у иумæйаг адæймагон хæзнатæ бахъахъхъæнын-мæ: хæлардзинад, уарзондзинад æмæ кæрæдзиæмбарынадмæ.

Афтæ нымайын æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады архайды сæйраг здæхтытæ сты нацийы культурон-историон хæзнатæ бахъахъхъæнын, рæзын æмæ уæрæх кæнын.

Тынг ахсджиаг у æвзонг фæл-тæры патриотикон æмæ духовон-хæрзæгъдауон хъомыладмæ уæлдай хъусдард здахын, сфæлдыстадон професситы минæвæрттæн æххуыс кæнын, ирæтты æнусон традициты хæдбындурдзинад популяризаци кæнынæн æппæт уавæртæ саразын.

Бузныг фыдыбæстæйон культурæйы æппæт кусджытæн сæ куыстмæ æнувыд ахасты тыххæй.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, сфæлдыстадон удцырынад æмæ дарддæры æнтыстытæ, сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ хиуæттæн.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны культурæйы кусджытæ æмæ аивады архайджытæ, фадыджы ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй уын арфæ кæ-нын уæ профессионалон бæрæг-бон-Культурæйы кусæджы боны цытæн!

Сымах хæссут уæздан æмæ бæрнджын мисси – хъахъхъæнут æмæ уæрæх кæнут сæйраг хæзна-тæ: мадæлон æвзаг æмæ литературæ, адæмон традицитæ æмæ культурон хæзнатæ, æппæт уы-дæттæ, кæцытæ сты ирон адæмы духовон хæзнатæ.

Уæ фæрцы нæф республикæйы культурон цард йедзаг кæны ирд ахорæнтæй: мингай сывæллæттæ цæуынц культурæйы хæдзар, библиотекæ, музей, театрмæ, архайынц кафт, нывкæнынад æмæ зарды аивады, æмæ уый нысан кæны, хъомыл кæй цæуынц æппæтвар-сон ахуыргонд, сфæлдыстадон адæймæгтæ.

Æхсызгон у, фылдæр цымыдисон культурон проекттæ кæй æххæст кæны нæ фæсивæд, кæцытæн культурæйы кусджытæ свæййынц æххуысгæнджытæ.

Ацы нысаниуæгджын бон мæ уæлдай бузныджы ныхæстæ фæнды зæгъын культурæйы фадыджы ветерантæн, кæцытæ алыхатт дæр уыдысты æмæ сты фидæны фæлтæрæн цæвиттон.

Зынаргъ хæлæрттæ! Бузныг уын уæ профессионализм æмæ хъуыддагыл æнувыддзинады тыххæй. Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, удцырынад æмæ ног æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

***

Культурæйы цытджын кусджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон-Культурæйы кусæджы боны цытæн!

Уæ архайды фæрцы къæлиндары бæрæгбонон æмæ зæрдылдарæн бонтæ свæййынц, æцæгæйдæр, цинхæссæг бирæ адæмæн, уыдоны цард ирд тæлмæнтæ æмæ мысинæгтæй байдзаг вæййы, нæ республикæйы цæрджытæ хайад исынц мадзæлтты æмæ цæрынц культурон цардæй. Уæ куыст ахъаз кæны гоймаджы æнæниз рæзтæн æмæ æвзонг фæлтæры уарзондзинад сфæлдыстадмæ.

Ныфс мæ ис, уæ куыст, курдиат æмæ дæсныдзинад дарддæр дæр тæлмæнтæ кæй гуырын кæндзысты нæ цæрджытæ æмæ нæ горæты уазджыты зæрдæты.

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, æвидигæ энерги, уæлтæмæндзинад æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.