Цæгат Ирыстон-Аланийы райдыдта æхсæнадон акци «Мысынады дыргъдон», кæцыйы фæлгæтты план кæнынц 45 мин талабæласы ныссадзын Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты фæмардуæвджыты тыххæй мысынадæн.

Майрæмададжы бархионтæ ныссагътой 550 æнгузы талайы. 1942 азы ацы хъæуы цыдысты карз тохтæ, хъахъхъæдтой йæ 34-æм хицæн денджызон æхсæг бригадæйы курсанттæ. Майрæмадаг хæсты азты уыд фашисттæн ахсджиаг стратегион пост. Хъæуы чи хъахъхъæдта, уыцы хицæн бархион батальоны сгуыхтдзинад ссис скъуыддзаггæнæн Кавказы сæрыл тохы. Суары коммæ фашистон æфсæдты размæбырст фæсыкк, æмæ уыцы бынаты, цыран мæлæтдзаг тохы бацыдысты æмæ хъайтарæй фæмард сты бархион батальоны сæдæгай хæстонтæ, ссис фæстаг бынат Кавказы сæрыл тохы. Растдæр ардыгæй  райдыдта Цæгат Ирыстонæй немыцаг-фашистон æфсæдты фæсырд.

2021 азы акци «Мысынады дыргъдон» уагъд цæуы Уæрæсейы Федерацийы Президенты бахæсмæ гæсгæ. Акцийы нысан у 27 милуан бæласы ныссадзын Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты 27 милуан фæмардуæвæг хæстоны  мы-сынады тыххæй. Мадзæлттæ уагъд æрцæудзысты Уæрæсейы Федерацийы æппæт субъектты æмæ фæсарæнты дæр, æмæ фæуыдзысты Бресты фидары территорийыл.

«Цæгат Ирыстоны ныссадздзыстæм 45, 5 мин бæласы, номхуындæй уыйбæрц адæм ацыдысты тохы быдыр-мæ æмæ фæстæмæ нал æрæздæхтысты. Абоны акци, кæцыйы фæлгæтты мах ныссагътам 550 талайы, организаци æр-цыд бархион батальоны цытæн, кæцы тох кодта Майрæмадагмæ бацæуæнты. Ацы батальон нæ бауагъта фашистты Суары коммæ. Ам лæппутæ бацыдысты мæлæтдзаг тохы. Уæлдай тынгдæр рахицæнгæнæн ис 18-аздзыд денджызон-фистæг æфсæддон Загир Шакировы, кæцы дыууæ хатты равдыста сгуыхтдзинад ацы тохы рæстæджы. Уый иунæг гранатæй спырх кодта знаджы танк æмæ сæхгæдта коммæ бахизæн», – радзырдта Цæгат Ирыстоны æрдзон ресурсты æмæ эко-логийы министрады хъæд хъахъхъæныны хайады хистæр Тыджыты Ингæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.