Арфæ кæнын Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады къухдариуæгадæн, сæрмагонд сконд æмæ ветерантæн профессионалон бæрæгбон – Ирвæзынгæнæджы боны цытæн!

Абон мах  кад кæнæм уыцы адæмæн, кæцытæ лæууынц нæ фæрныгад хъахъхъæныныл æмæ кæцытæ сæ хæсмæ гæсгæ зын рæстæджы фыццаг фæзынынц æххуысмæ. Ирвæзынгæнджытæн нæй æнæсæххæстгæнæн хæстæ æмæ алы æнæштатон уавæр дæр домы æнгомдзинад, хъæддыхдзинад, уавæрæн саргъ кæныны арæхстдзинад æмæ цыбырдæр рæстæгмæ иунæг раст уынаффæ райсын.

Уæ зын архайды фæстиуæг у бирæ мингай адæймæгты фервæзын кæнын, æмæ уымæн та йæ хорзæх у адæймагон бузныгдзинад æмæ æхсæнады æгæрон кадкæнынад.

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионализм, хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинады тыххæй. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр кадимæ æмæ аккагæй кæй хæсдзыстут ирвæзынгæнæджы бæрзонд ном, оперативонæй кæй скъуыддзаг кæндзыстут уæ разылæууæг хæстæ.

Зынаргъ хæлæрттæ! Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ дарддæры æнтыстытæ, сабырад æмæ хорздзинад уæхицæн æмæ уæ хиуæттæн! Æрбалæугæ Ног 2020 азы хорзæх уæ уæд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Цытджын ирвæзынгæнджытæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон – Хуссар Ирыстоны ирвæзынгæнæджы боны цытæн!

Ацы бæрæгбон у æхсарджын, тыхджын адæймæгты. Уæ хъайтардзинад æмæ хъуыддагмæ  æнувыддзинад равдисут цыфæнды уæлвæткон уавæрты дæр. Алчидæр уæ æмбары бæрндзинады бæрзонд æмвæзад, кусынц бæрæгæй æмæ æнгомæй, дырысæй æххæст кæны йæ профессионалон æмæ адæймагон хæстæ. Уæ профессионализмы фæрцы Хуссар Ирыстоны территорийыл иуварс цæуынц бирæ уæлвæткон уавæртæ.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын ветерантæн, кæцытæ куыстой ведомствойы сырæзты рæстæджы. Сымах æвзонг фæлтæрæн стут æвидигæ энергийы цæвиттон.

Ныфс мæ ис, уе структурæ дарддæр дæр динамиконæй кæй рæздзæн, кæй кусдзæн æвзонг специалисттæ цæттæ кæныныл æмæ эффективонæй  нæ республикæйы адæмы æдасдзинад ифтонг кæныныл!

Мæ цæст уарзы амонд, æнтыстытæ æмæ æнæниздзинад уæхицæн æмæ уæ хиуæттæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.