УÆЛВÆТКОН УАВÆРТЫ МИНИСТРАДЫ КУСДЖЫТÆН

Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонд-дзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министрады цытджын кусджытæ!

Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиагæй арфæ кæнын ведомствойы сæрмагонд сконд æмæ ветерантæн профессионалон бæрæгбон – РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты министрадыл 11 азы сæххæсты цытæн.

Министрады уæвынады рæстæджы йæ кусджытæ сарæзтой егъау куыст цæрджыты бахъахъхъæнын æмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл уæлвæткон уавæртæ æмæ зынгсивæрзты æдасдзинадæй сифтонг кæнынæн.

Службæйон хæстæ æххæст кæныны цæттæдзинад, иууыл зындæр уавæрты архайынæй сымах не ‘хсæнады райстат аккаг авторитет æмæ арф кад кæнынад. Бирæ хатт хи цард уæлдай кæнгæйæ, сымах,  зын уавæрты чи бахауы, уыцы адæммæ æххуысмæ æрбацæут. Зын рæстæджыты та, кæцытæ ирон адæмыл æрхъула кодтой, сымах æд хæцæнгарз тох кодтат уæ бæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадыл.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын службæйон хæстæ бæрнджынæй æмæ цæсгомджынæй кæй æххæст кæнут, уый тыххæй. Ныфс мæ ис, патриотизм, бæрзонд компетентондзинад æмæ уæ хæстыл æнувыддзинад дарддæр дæр ахъаз кæндзысты уæ разылæууæг хæстæ æнтыстджынæй æххæст кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад, уæ арфæйаг куысты – стыр æнтыстытæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн!

РХИ-йы Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Цытджын Азæмæт Алымбеджы фырт!

Зæрдиаг арфæ кæнын дæуæн æмæ Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министрады сæрмагонд скондæн профессионалон бæрæгбон – ведомствойы сырæзты цытæн.

Уæ професси домы хорз цæттæдзинад, хъайтардзинад, фæндвидардзинад æмæ æппæт тыхтæй архайын. Министрады кусджытæ æххæст кæнынц æмбæстæгты цардархайды æдасдзинад сифтонг кæныны фæдыл зындæр фарстатæ. Уæ службæ ссис удуæлдай, æхсардзинады символ, адæммæ æххуысмæ алы хатт дæр æрбацæут. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр уæ разылæууæг хæстæ æнтыстджынæй кæй скъуыддзаг кæндзыстут.

Мæнмæ уыцы архайд тынг æввахс лæууы, уымæн æмæ æз дæр Уæлвæткон уавæрты министрады службæ кодтон йæ сырæзты бонæй, уыдтæн æрвылбонон зын куысты æвдисæн. Æз хъарм ахастытимæ æрæмысын уæ коллективы арвитгæ азтæ.

Мæ цæст уарзы дæуæн æмæ сæрмагонд скондæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад, службæ кæныны ног æнтыстытæ Фыдыбæстæйы хæрзиуæгæн.

РХИ-йы Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

АРФÆ – АХУЫРГÆНДЖЫТÆН

Педагогон фæллойады цытджын ахуыргæнджытæ æмæ ветерантæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбон – Ахуыр-гæнæджы боны цытæн!

Ахуыргæнæг æрмæст професси нæу, уый у ныхыфыст, кæцы йедзаг у арф духовон бындурæй, кæцы домы хъуыддагмæ æгæрон æнувыддзинад, тыхтæ, бæрндзинад, хорздзинад, куырыхондзинад æмæ быхсындзинад.

Нæ республикæйы ахуырады системæйы кусынц бирæ цымыдисон æмæ сфæлдыстадон педагогон коллективтæ, йæ хъуыддаг чи уарзы, ахæм адæм, кæцытæ дарддæр кæнынц хорз ахуырадон традицитæ. Уыдоны фæллойады фæстиуджытыл дзурæн ис сæ ахуырдзауты уæлахизтæй, кæцытæ алыгъуызон здæхтыты æвдисынц се ‘нтыстытæ.

Зынаргъ хæлæрттæ, ахуыргæнджытæ, уæлæмхас æмæ профессионалон ахуырады ахуыргæнджытæ, педагогон фæллойады ветерантæ, мах бузныг стæм уæ быхсындзинад æмæ, хъусдард æмæ уды хъармдзинад, уæ фæлмæн зæрдæтæ æмæ равзаргæ профессийыл æнувыддзинады тыххæй.

Республикæйы къухдариуæгад дарддæр дæр йæ хъус дары ахуырады системæ хуыздæр æмæ рæзын кæнынмæ, ног ахуырадон программæтæ фидар кæнынмæ.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, ног про-фессионалон æнтыстытæ, хорз ахуырдзаутæ æмæ стыр сæрмагонд амонд!

РХИ-йы Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

***

Цытджын ахуыргæнджытæ,  скъолайы агъоммæйы æмæ уæлæмхас ахуырады ахуыргæнджытæ, педагогон фæллойады ветерантæ!

Арфæ уын кæнын Ахуыргæнæджы боны цытæн!

Ахуыргæнæджы куыст æрмæст уæздан, аразгæ æмæ сфæлдыстадон нæу, фæлæ уый у иууыл зындæр æмæ бæрнджындæр куыст. Цахæмфæнды ахуырадон уагдон сывæллæттæн æрмæст зонындзинæдты гуырæн нæу, цас у сæ дыккаг хæдзар, цыран уыдон ахуыр кæнынц хорздзинад æмæ æвзæрдзинад хицæн кæнын, цæмæй уой раст, хистæртæн кад кæной, сæ райгуырæн бæстæ уарзой. Ахуыргæнæджы сæйраг хæстæй сæ иу у схъомыл кæнын ахуыр æмæ духовон æгъдауæй рæзгæ фæсивæд, кæцы сомбон бæрæг кæндзæн нæ республикæйы хъысмæт.

Уæ профессионалон бæрæгбоны мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын сæ фæллойад æмæ равзаргæ фæндагæн æнувыддзинады тыххæй. Мæ сæрæй ныллæг кувын уæ быхсындзинад æмæ фæлмæнзæрдæ, уе ‘рвылбонон зын куысты тыххæй!

Уадз, æмæ ацы бæрæгбон æрхæссæд бирæ æвæрццаг эмоцитæ, уæ коллегæты æмæ ахуырдзауты хъарм арфæтæ. Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, оптимизм, куысты æнтыстытæ æмæ царды фæрныгад!

РХИ-йы Парламенты ахуырад æмæ зонады фæдыл

комитеты сæрдар УЫРЫГАТЫ  Инал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.