Ног азы къæсæрыл нæ республикæйы адæмы чи æрбамбырд кæны, уый у ногазон фидауц – назбæлас. Традицимæ гæсгæ республикон назбæлас Хуссар Ирыстоны байгом вæййы 25-æм декабры. Назбæлас æвæрд æрцыдис цалдæр боны размæ æмæ йын йе сфæлындзыныл та куыстой паддзахадон унитарон кондад «Ир-дизайн»-ы кусджытæ. Уыдон ма алыгъуызон рухсгæнæнтæй æмæ бæрæгбонон баннертæй срæсугъд кодтой горæты централон уынгтæ дæр. Республикон назбæлас байгом кæныны мадзæлттæ бацæттæ кодтой Цхинвалы администрацийы культурæйы хайад.

25-æм декабры нæ горæты Театралон фæзуаты цытджын æгъдауæй байгом республикæйы сæйраг назбæлас. Йæ гом кæныны церемонимæ театралон фæзуатмæ æрбацыдысты нæ республикæйы æмбæстæгтæ, скъолаты æмæ сывæллæтты рæвдауæн-дæтты хъомылгæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытæ æмæ ныййарджытимæ. Уыдон æвдисæн систы, ам цы хъæлдзæг равдыстытæ уыд, уыдонæн, цыран Митын Дада æмæ Митын чызг сабитимæ кафыдысты назбæласы алыварс, кастысты æмдзæвгæтæ æмæ зарыдысты бæрæгбонон зарджытæ. Сывæллæттæй æмдзæвгæтæ чи бацæттæ кодта, уыдонæн-иу радтой лæвæрттæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли дæр фæуазæг Театралон фæзуатмæ, цæмæй раарфæ кодтаид, Ног азы æрбалæудмæ чи бæллы, æппæт уыцы адæмæн. «Зынаргъ сы-вæллæттæ æмæ ныййарджытæ, кæд абон хурбон у æмæ нæ алыварс мит нæй, уæддæр нæ бæрæгбонон равг уымæй нæ къаддæр кæны. Мах не ‘ппæт дæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм 31 декабрмæ, цæмæй сæмбæлæм ног, 2020 азыл. Мæн уырны, æрцæугæ аз нæ сывæллæттæн кæй уыдзæнис хъæлдзæг æмæ амондджын. Арфæ уын кæнын æрбалæугæ Ног азы цытæн. Фæнды мæ, цæмæй æппæт дунейы сывæллæттæ уой æнæниз æмæ хъæлдзæг. Сымах махæн стут иууыл хуыздæр æмæ курдиатджындæр кæстæртæ. Ут нын кæддæриддæр амондджын æмæ æнæниз», – загъта Бибылты Анатоли.

Бæрæгбонон мадзалы Митын Дада æмæ Митын Чызг бахатыдысты сывæллæттæм, цæмæй уыдон хъæрæй загътаиккой диссаджы дзырдтæ æмæ ссыгъдаид ногазон назбæлас. Сывæллæттæ сын ацахстой сæ хъуыды æмæ куыддæр уыцы дзырдтæ загътой, афтæ цæхæртæ скалдта рæсугъд назбæлас. Æрæмбырдуæвджытæ йыл сæмбæлдысты цины хъæртæ æмæ тыхджын къухæмдзæгъди-мæ. Дарддæр бæстæйы сæргъ-лæууæг Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан æмæ æндæр бæрнон кусджытæ æрбаиу сты сывæллæттæм æмæ, кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ, музыкæйы æхцон зæлтæм зылдысты бæрзонд, рæсугъд назбæ-ласы алыварс. Сывæллæттæ ма тынг фæцин кодтой, миты бæсты сын цы æрттиваг æндæхтæ æркалдтой сæ размæ, ууыл. Фæзуат байдзаг уыцы æрттивæгтæй æмæ сæ хъазгæйæ, кæрæдзийыл пырх кодтой. Уый уыдис сæ сюрприз дæр.

Театралон фæзуат уыд бæрæгбонвæлыст, хъуыстысты хъæлдзæг музыкæйы зæлтæ, афтæ ма сывæллæтты хъæлдзæг худт хаста зæрдæйæн æхсызгондзинад. Уыдон ма ногазон бæрæгбон хъæлдзæгæй адарддæр кæндзысты 31-æм декабры сæ фæрныг хæдзæртты æмæ уарзон бинонтимæ, рæсугъд назбæ-лæсты цур.

Зынаргъ æмбæстæгтæ, хъæл-дзæгæй æрвитут уæ Ног азы бæрæгбон!

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.