Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Ирвæзынгæнæджы боны цытæн!

Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады Агурæн-ирвæзынгæнæн хайад арæзт æрцыд 2011 азы. Уæдæй фæстæмæ ирвæзынгæнджытæ æххуыс кæнынц адæмæн, сæ цард æмæ æнæниздзинад нывонд кæнгæйæ. Сымах стут æхсардзинады, хъайтардзинады ирд цæвиттон. Æмæ сымахæй алкæй куыст дæр у ахсджиаг, уымæн æмæ уæ къухты ис не ‘мбæстæгты цард.

Бузныг уын уæ зын æмæ ахсджиаг куысты тыххæй.

Ныфс мæ ис, уæ профессионализм, архайды æнгомдзинад æмæ уæ хæсыл æнувыддзинадæй дарддæр дæр кæй ахъаз кæндзысты уæ разы лæууæг зын хæстæ скъуыддзаг кæнынæн.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, дарддæры æнтыстытæ, сабырад, хорздзинад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Ирвæзынгæнæн дæлхæйтты цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Бæрндзинад, характеры фидардзинад, искæй бæллæхмæ хъус æрдарын – ацы миниуджытæ хицæн кæнынц, ирвæзынгæнæн дæлхæйтты службæ чи кæны, уыдоны.

Мах сæрыстыр стæм ирвæзынгæнæн службæйы кусджытæй, ам кусынц сæ хъуыддаджы æцæг профессионалтæ. Сымах алы бон дæр хайад исут алыгъуызон фарстытæ скъуыддзаг кæныны хъуыддаджы, хуыздæр кæнут уæ зонындзинæдтæ, æххуыс кæнут республикæйы цæрджытæн. Эффективон куысты фæрцы республикæйы зыны техногенон æмæ æрдзон зынгсирвæзтыты æмæ æндæр уæлвæткон цауты ныллæг нымæц.

Ныфс мæ ис, республикæйы ирвæзынгæнæн службæ кæй у фидар хъахъхъæнынад  æмæ æх-хуыс уæлвæткон уавæрты чи бахауд æмæ æххуыс кæй хъæуы, уыцы адæмæн.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, фæрныгад, æвидигæ цардуагон тыхтæ, энерги æмæ æнтыстытæ адæм ирвæзын кæныны хъуыддаджы æмæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг БЕКЪОЙТЫ Геннади

***

Цытджын ирвæзынгæнджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Ирвæзынгæнæджы боны цытæн!

Ирвæзынгæнджытæ сты тыхджын æмæ хъæддых адæм, арæх тæссагдзинæдтæ иуварс кæнгæйæ æмæ сæхи цард нывонд кæнгæйæ, æххуысмæ бацæуынц зындзинæдты чи бахауы, уыцы адæммæ. Уæ зын куысты æнтыстытыл дзурæг сты сæдæгай адæмы цард ирвæзын кæнын, æмзæх-хонты фарсæрдыгæй кадкæнынад, кæцытæ зонынц, сымах сæм алы хатт дæр æххуысмæ кæй бацæудзыстут. Сымахыл æууæндынц, иууыл зын уавæрты дæр сымахæй ныфс æвæрынц.

Ныфс мæ ис, уæ профессионализм, хъайтардзинад, удуæлдайдзинад дарддæр дæр æнувыдæй кæй лæггад кæндзысты ахæм бæрнджын, зын куысты.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, амонд æмæ оптимизм.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.