Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путинæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Владимиры фырт!

Зæрдиаг арфæ кæнын дæуæн æмæ дæ номæй Уæрæсейы Федерацийы æппæтнацион адæмæн Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнын у ахæм хæс, кæцыйы æххæсткæнынад алы æмбæстагæн дæр у кады хъуыддаг. Уæрæсейы алы хатт дæр кад уыд æфсæддон хъуыддагæн, адæм алы хатт дæр сæрыстыр уыдысты сæ хъæбатыр хæстонтæй, кæцытæ знагæн фадат нæ лæвæрдтой  Райгуырæн зæхх байсынæн, хъахъхъæдтой райгуырæн зæххы алы къуым.

Ацы бæрæгбоны Хуссар Ирыстоны кад кæнынц æппæт уыдонæн, кæцытæ ифтонг кодтой сæ бæстæйы æдасдзинад, йе ‘мбæстæгты сабырад. Уæрæсейы Федерацийы 4-æм æфсæддон базæйы æмæ Уæрæсейы Федерацийы æдасдзинады Федералон службæйы арæнгæрон управленийы сæрмагонд сконд кадимæ службæ кæнынц Республикæ Хуссар Ирыстоны, ирон адæмы национ интерестæ хъахъхъæнгæйæ. Уæрæсейаг æфсæддонты уæвынад Хуссар Ирыстоны территорийыл фидар кæны уыцы факт, Уæрæсе кæй у стратегион партнер æмæ æдасдзинады фидар гарант.

Мæ цæст дын уарзы, цытджын Владимир Владимиры фырт, фидар æнæниздзинад, сабырад, фæрныгад, ног æнтыстытæ Уæрæсейæн æмæ йæ адæмæн лæггад кæныны хъуыддаджы».

***

Бибылты Анатоли ма Фыдыбæстæ хъахъ-хъæнæджы боны цытæн раарфæ кодта: Уæрæсейы Федерацийы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустин, Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы Сæрдар Вячеслав Володин, Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министр Сергей Шойгу, Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани-йы сæргълæууæг Битарты Вячеслав, Приднес-троваг Молдаваг Республикæйы Президент Вадим Красносельский, Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Леонид Пасечник æмæ Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Денис Пушилинæн. Афтæ ма Луганск æмæ Донецкы адæмон республикæты сæргълæуджытæ дæр æрæрвыстой арфæйы телтæ Бибылты Анатолийæн йæхимæ дæр.

ХИЦАУАДЫ СÆРДАРЫ АРФÆ

Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын æфсæддонтæ, ветерантæ æмæ цæрджытæ!

Айсут иууыл зæрдиагдæр арфæтæ нысаниуæгджын бæрæгбон – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн!

 Мах сæрыстыр стæм нæ республикæйы æфсæддон историйæ æмæ кад кæнæм æфсæддонты æппæт фæлтæрты хæстон традицитæн, кæцытæ бындуриуæг кæнынц патриотикон хæзнатæ æмæ æфсæддон хæсыл æнувыддзинадыл.

Ацы нысаниуæгджын бон мах нысан кæнæм уыдоны сгуыхтдзинæдтæ, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой нæ бæстæ æмæ йæ национ интерестæ хъахъхъæнынæй, уæлдай кад кæнæм уыцы хъайтарты рухс нæмттæн, кæцытæ сæ патриотикон хæс æххæст кодтой, афтæ ма æппæт æмбæстæгтæн, кæцытæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнын нымайынц сæ кады хъуыддагыл.

Зынаргъ хæлæрттæ! Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, уды æнцойад,фæрныгад, бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн бирæ азты цæрæнбон, æмæ махæн не ‘ппæтæн сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.