Гарзджын тыхты цытджын æфсæддон службæгæнджытæ æмæ ветерантæ! Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зынаргъ ветерантæ!

Хицауады æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн!

Ацы нысаниуæгджын боны махæн фадат ис бузныджы ныхæстæ зæгъын Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн сабыр арвы бын цæрыны тыххæй, махæн нæ бон кæй у сомбонмæ ныфсимæ кæсын æмæ фæллойадон архайд кæнын.

Мах кад кæнæм Ирыстоны æмæ нæ иумæйаг советон Райгуырæн бæстæйы хæстонты æппæт фæлтæрты хæстон традицитæн, кæцытæ бындуриуæг кæнынц патриотон хæзнатæ æмæ æфсæддон хæсыл æнувыддзинадыл.

Мæ цæст уарзы, Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы професси чи равзæрста, афтæ ма æппæт нæлгоймæгтæн, æппæт тыхтæй чи архайы, цæмæй нæ республикæйы уа сабырад, æнцойад. Амондджын, æнæниз æмæ фæрнджын ут!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады

Сæрдар БЕКЪОЙТЫ Геннади

***

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны цытджын хъахъхъæнджытæ, республикæйы æфсæддон службæгæнджытæ æмæ ветерантæ! Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зынаргъ ветерантæ æмæ хæстонтæ-интернационалисттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн.

Ацы бæрæгбон у райгуырæн зæхх хъахъхъæнджыты, ветерантæн кад кæныны бон, кæцыты æфсæддон сгуыхтдзинæдтæ мах нæ зæрдыл дарæм бузныджы æнкъарæнтимæ. Мах сæрыстыр стæм æмæ нæ сæртæй ныллæг кувæм нæ фыдты æмæ нæ дадаты сгуыхтдзинæдты раз, кæцытæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты карз азты хъахъхъæдтой нæ иумæйаг Райгуырæн зæхх фашистон тыхæйисджытæй, сæ цард радтой сабырæй цæрыны бары сæраппонд. Мах бузныджы æнкъарæнтимæ мысæм æмæ кад кæнæм Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнджытæн, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой Фыдбæстæ хъахъхъæнынæн, 1989-2008 азты нæ республикæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад цы лæппутæ бахъахъхъæдтой, уыдоны рухс нæмттæ. Уыдоны сгуыхтдзинæдтæ баззайдзысты нæ адæмы зæрдæты æмæ суыдзысты цæвиттойнаг æвзонг хъахъхъæнджытæн.

Мах кад кæнæм уыдонæн кæцытæ æнувыдæй службæ кæнынц сæ райгуырæн бæстæйæн, хъахъхъæнынц ын йæ интерестæ æмæ æдасдзинад, йе ‘мбæстæгты сабырад, кадимæ дарддæр кæнынц сæ фыдты æмæ сæ дадаты хæстон традицитæ.

Мæ цæст уарзы, æппæт хæстонтæ-хъахъхъæнджытæн, ветерантæн æнæниздзинад, амонд, сабырад, Хуссар Ирыстоны салдаттæ æмæ афицертæн æнтыстджын службæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.