Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон цытджын æгъдауæй банысан кодтой нæ горæты Сывæллæтты республикон библиотекæйы коллектив, уагдоны директор Джиоты Аллæйы сæргълæудæй. Бæрæгбонмæ æрбацыдысты РХИ-йы «Россотрудничество»-йы къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов, ацы центры кусæг Алла Мандражи, РХИ-йы президенты æххуысгæнæг Джыгкайты Алан, РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, ацы министрады библиотектæты куысты фæдыл сæйраг специалист Дриаты Нателæ æмæ æндæртæ. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты фæмардуæвæг хъайтартæ Тедеты Вадим æмæ Михайленко Сашайы мæдтæ Гаглойты Замирæ æмæ Лалыты Хадизæт. Мадзалы хайад райстой нæ горæты Кадетон скъола, 2 æмæ 11-æм скъолаты, гимназ «Альбион» æмæ гимназ «Рухс»-ы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнджытимæ.

Цытджын мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта  библиотекæйы методист Мæргъиты Маринæ. «Абон мах нысан кæнæм стыр бæрæгбон. Нæ адæм, нæ хæстонтæ, нæ дадатæ æмæ уыдоны фыд-тæ æнахуыр хъæбатырдзинад равдыстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы. Ирон адæм сæрыстыр сты уымæй, æмæ нæ чысыл Ирыстон Райгуырæн бæстæйæн кæй радта 35 хъайтары».

 Уый фæстæ æмдзæвгæтæ бакастысты  уагдоны иууыл æвзонгдæр чиныгкæсæг Гæбæраты Мария æмæ 11-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Кокойты Тимур.    

«Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм 1989 азы ноябры цаутæ. Гуырдзиаг экстремисттæ бырстой Хуссар Ирыстонмæ, фæлæ сæ разы кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ æрлæууыдысты нæ лæппутæ æмæ сæ горæтмæ не рбауагътой. 18 азы дæргъы  гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды рæстæджы нæ адæм бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой. 2008 азы августы Саакашвилийы бардзырдмæ гæсгæ гуырдзиаг тыхæйисджытæ ирон адæмы ныхмæ райтынг кодтой тугкалæн хæст, горæтыл калдтой бомбæтæ. Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ сæрибардзинады тыххæй бирæ лæппутæ фæмард сты. Ацы бæрæгбон баст у не ‘взонг паддзахады, нæ адæмы историимæ æмæ уæ уымæ гæсгæ курæг стæм, цæмæй абон уæ мысынады рафæлдахат историйы фæрстæ, æмæ афтæмæй радон хатт уæ зæрдыл æрлæууа, куыд удуæлдайæ хъахъхъæдтой сæ Фыдыбæстæ хуссарирыстойнаг лæппутæ, уый. Абон мах кæцы лæппуты тыххæй дзурæм, æнæ уыдонæй нын нæ уыдаид ацы бæрæгбон», – дзырдта Мæргъиты Маринæ. Ирон лæппуты хъайтардзинады тыххæй Зассеты Мерабы фыст æмдзæв-гæтæ бакаст йæ фырт Максим æмæ Чехойты Оляйы фыст æмдзæвгæ та – гимназ «Рухс»-ы 4-æм къласы ахуырдзау Бестауты Елизаветæ.

Мæргъиты Маринæ æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта Михайленко Сашайы биографиимæ. Райгуырд 1960 азы 31 марты. Каст фæцис нæ горæты 2-æм астæуккаг скъола. Уыд тынг зæрдæхæлар æмæ æмгаруарзаг лæппу. Æдзух цæттæ уыд тыхст адæймагæн баххуыс кæнынмæ. Стъавраполы медицинон институт каст фæуыны фæстæ куыста Цхинвалы стоматологон поликлиникæйы нырма дохтыр-хирургæй æмæ уый фæстæ та поликлиникæйы сæйраг дохтырæй. 1992 азы февралы Милицийы сæрмагонд ныса-ниуæджы къорд арæзт куы æрцыд, уæд Саша дæр бацыд ацы къордмæ. Гуырдзиаг фашистты ныхмæ хæцыны æмрæнхъ ма уый куыд дохтыр, афтæ фыццаг æххуыс кодта цæф лæппутæн æмæ сæ ласта республикон рынчындонмæ. Мæнæн мæ мад у ирон, æмæ æз дæр дæн ирон. Цалынмæ удæгас дæн, уæдмæ, зæгъ, хъахъхъæндзынæн мæ Райгуырæн бæстæ, мæнæн кад уыдзæн Ирыстоны сæрвæлтау куы амæлон, уый. Фæмард  1992 азы 27 майы 32-аздзыдæй.

Тедеты Вадимы биографи бакаст  2-æм астæуккаг скъолайы 6-æм къласы ахуырдзау Къодоты Миланæ. Райгуырд 1961 азы. Ахуыр кодта 3-æм астуæккаг скъолайы. Уый фæстæта каст фæцис ХИПИ-йы историкон-филологон факультет. Йæ ныййарджытау равзæрста ахуыргæнæджы дæсныйад æмæ кусын райдыдта Синагуры астæуккаг скъолайы. Фæстæдæр ссис йæ директор. Фæлæ йæ сабыр цард фæцис 1989 азы ноябры. Уый æрцыд æмæ слæууыд фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты фарсмæ. Æртæ азы дæгъы уый æппынæдзух хъахъхъæдта Цхинвалы хуссар хай. 1992 азы июны мæйы уый знагимæ бацыд йæ фæстаг тохы, уæззау цæф фæцис æмæ иу мæйы фæстæамард 31-аздзыдæй.

2-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Гатыгкоты Линæ азарыд «Когда хоронит сына мать». Фæлæ йæ кæронмæ сæххæст кæнын йæ бон не ссис йæ зæрдæ кæй суынгæг, уымæ гæсгæ.

Уый фæстæ мадзалы æнкъард хайæ рахызтысты бæрæгбонон хъæлдзæг хаймæ, уымæн æмæ цард дарддæр кæны…  Ахуырдзаутæн уагъд æрцыд викторинæ.  Дыууæ командæйы – «Кадеттæ» æмæ 2-æм скъолайы командæ «Альфа» дзуапп лæвæрдтой æфсæддон цардимæ баст фарстытæн.  Цымыдисон рауад мимикæ æмæ къухæй амындмæ гæсгæ æфсæддон цардимæ баст ныхæстæ базонын дæр. Уый фæстæ та сывæллæттæ ерыс кодтой  сæхтæджытæ чи тагъддæр бахуыйдзæн, бинтæй сæр чи тагъддæр бабæтдзæн æмæ æндæр хъæзтытæй.

Мадзалы раныхас кодта уагдоны директор Джиоты Аллæ. Уый сывæллæттæн загъта, цæмæй уарзой сæ Фыдыбæстæ. Нæ лæппутæ, зæгъ, сæ цард радтой сымах рухс фидæны тыххæй æмæ сæ макуы фæхудинаг кæнут. Арфæйы ныхæстæ загъта Сергей Скворцов: «Уагдоны æл-дариуæг кæны хæларадон атомосферæ. Ирæттæ æмæ уырыссæгтæ алыхатт дæр лæууыдысты фæрсæй-фæрстæм æмæ хъахъхъæдтой нæ иумæйаг Райгуырæн бæстæ æмæ уый фæстæ та Хуссар Ирыстоны. Ирыстон æмæ Уæрæсе алыхатт дæр уыдзысты иумæ æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæндзысты».

Мадзалы кæрон фæмардуæвæг хъайтарты мæдтæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ æмæ мадзалы хайадисæг сывæллæттæн та балæвар кодтой майкæ-тæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.