Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 27 азы сæххæсты бон æмæ уыцы-иу рæстæджы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн цытджын æмбырд ауагъдæуыд Цхинвалы.

Цытджын мадзал райдыдта Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты сырæзты истори æмæ абоны бон сæ разы цы бæрнон хæстæ ис, уыдоныл дзурæг  документалон кинонывæй.

Кинонывы дзырдæуыд, Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ кæй сты РХИ-йы хъахъхъæнынады бындур æмæ сæ нысаниуæг у агрессорæй Фыдыбæстæйы æмбæстæгты æмæ йæ территорийы æнæхъæндзинад бахъахъхъæнын, афтæ ма РХИ-йы Конституцион закъон æмæ æхсæнадæмон бадзырдтæм гæсгæ республикæйы разы лæууæг хæстæ æххæст кæнын.

Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ рæзынц, æфсæддон фадыджы Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерациимæ цы бадзырдтæ сарæзта, уыдон бахынцгæйæ, кæцытæм гæсгæ скъуыддзаг æрцыд, цæмæй Хуссар Ирыстонæн уа нымæцмæ гæсгæ чысыл, фæлæ бæрзонд мобилондзинадимæ æфсад.

РХИ-йы Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим радзырдта республикæйы æфсæддон ведомствойы сырæзты истори. Уый банысан кодта нырыккон уавæрты министрады ахсджиагдзинад æмæ æнæмæнгхъæуындзинад. Зæгъгæ, дæргъвæтин æмæ уæззау фæндæгтыл рацæугæйæ, хуссарирыстойнаг æфсадæн йæ бон у агрессорæн аккаг ныхкъуырд радтын. 

«23 февраль у хæстонты, æфсæддон службæйы ветеранты, сæ хуыздæр азтæ  Фыдыбæстæйы хæдбардзинад æмæ сæрибардзинадæн чи снывонд кодта, хæстон архæйдтыты хайадисджыты бæрæгбон.  Цытджын мадзалы хайадисджытæй алкæмæн дæр уæзгæ хайбавæрд ис Райгуырæн бæстæйы агрессорæй ссæрибар кæнынмæ, карз æмæ æгъатыр знагæн аккаг ныхкъуырд радтынмæ», – загъта министр.

Æфсæддон ведомствойы сæргълæууæг банысан кодта республикæйы Гарзджын тыхтæ цæй тыххæй æрцыдысты арæзт, уыцы  историон цауты дæр. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 1992 азы 17 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Сæйраг Советы уынаффæмæ гæсгæ арæзт æрцыд Хъахъхъæнынады министрад. 1993 азы январы та къух æрфыстæуыд организацион-штатон структурæ сфидар кæныны тыххæй барамындыл. Декабры фыццаг æмбисы аразын райдыдтой управленийы органтæ æмæ хæстон дæлхæйттæ. Хъахъхъæнынады министрады фыццаг къухдариуæггæнæг уыд Хуыбылты Валери, РХИ-йы Гарзджын тыхты фыццаг командæгæнæг та – Джиоты Алан (Парпат).

Гассеты Ибрагим куыд загъта, афтæмæй залы ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ стыр хайбавæрд бахастой хæстон дæлхæйтты сырæзтмæ, сæхи сæрмагонд цæвиттонæй разæнгард кодтой хæстонты Райгуырæн бæстæйæн иузæрдионæй лæггад кæнынмæ.

Министры хъуыдымæ гæсгæ,  Хъахъхъæнынады министрадæн Гарзджын тыхты тырыса лæвæрд кæй æрцыд, Мулдарты Зелимы номыл сæрмагонд нысаниуæджы батальонæн та – Хæстон тырыса, уымæн стыр нысаниуæг ис республикæйы паддзахадон суверенитет бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Уыцы атрибуттæ сты  хæстон реликвийы официалон символтæ, кæцытæ нысан кæнынц Хуссар Ирыстоны æфсæддонты цыт, намыс, кад æмæ хæстон традицитæ.

«Ныртæккæ дæр Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ хъахъхъæнынц паддзахады сабырдзинад æмæ æдасдзинад. Ææфсæддон ведомствойы сæрмагонд сконд æнтыстджынæй ахуыр кæнынц хæстон ифтонггæрзтæ æмæ техникæ, хуыздæр кæнынц сæ хæстон цæттæдзинад, хъахъхъæнынц национ интерестæ», – банысан кодта министр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, республикæйы уæлдæр къухдариуæгад æмæ сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатолийы руаджы республикæйы æфсады динамикон рæзтæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр, рæзы йæ авторитет, хуыздæр кæнынц æфсæддон службæ хæссыны уавæртæ, бæрзонддæр кæны хæстонты социалон хъахъхъæнынады æмвæзад.  Абон паддзахад æмæ æхсæнады æрдыгæй салдаттæ æмæ афицертæн ис  æппæтфарсон æххуыс.

Æфсæддон ведомствойы къухдариуæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ, хæстон фадыджы РХИ-йы  министрад активонæй æмгуыст кæны Уæрæсейы æфсæддон ведомствоимæ, æнтыстджынæй скъуыддзаг цæуынц национ æфсады хæстон æрмæджытæй æмæ техникæйæ ифтонг кæныны, æфсæддонты социалон гарантиты, материалон-техникон базæйы æмæ хæстон инфраструктурæйы хуыздæр кæныны фарстатæ.

«Мах æмбарæм æфсады разылæууæг хæстæ æмæ æппæт дæр аразæм нæ паддзахады сабырадон рæзты тыххæй.  Æфсад у æхсардзинад æмæ намысы скъола. Æфсад кæддæриддæр уыд æмæ дарддæр дæр уыдзæн сабырдзинад æмæ æдасдзинады гарант», – банысан кодта Гассеты Ибрагим æмæ йæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты æмæ хæстон архайдтыты ветерантæн æмæ хæстонтæн бафæндыд фидар æнæниздзинад, фидар удыхъæд æмæ царды хæрзиуджытæ, Гарзджын тыхты сæрмагонд скондæн та – сæ дарддæры службæйы æнтыстытæ.

Цытджын мадзалы раныхас кодта Президент Бибылты Анатоли. Уый бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта республикæйы Гарзджын тыхты хæстонтæн, ветерантæн æмæ 4-æм æфсæддон базæйы æмæ УФ Æдасдзинады федералон службæйы арæнхъахъхъæнæг управленийы афицертæ æмæ салдаттæн.

Бæстæйы сæргълæууæг бахæс кодта хъахъхъæнынад æмæ культурæйы министртæн, цæмæй Советон Цæдисы Хъайтар Беруашвили Георгийы  бюст æндидзыдгонд æрцæуа Кады Аллеяйы    9 маймæ.

Цытджын мадзалы паддзахадон хорзæхтæй хорзæхджын æрцыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты иу къорд, кæцытæ сæ хайбавæрд  бахастой республикæйы Гарзджын тыхты сырæзтмæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.