Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын Экологи æмæ Алфамблай æрдз хъахъхъæныны Дунеон боны цытæн!

Алфамблай æрдз хъахъхъæнын у алы адæймаджы хæс дæр. Нæ иумæйаг хæс у экологон æдасдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны æрдзон ресурстæ бахъахъхъæнын.

Абоны бон у хорз фадат, цæмæй нæ алчидæр ахъуыды кæна, махæн нæ бон цы у саразын, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ æрдзон хæзнатæ. Æмæ уыцы сгуыхтдзинад у специалисттæ-экологты, кæцытæ ноджы фылдæр тыхтæ здахынц, цæмæй бахъахъхъæной Хуссар Ирыстоны диссаджы рæсугъддзинад, нæ республикæйы, алы бинонты фидæн сифтонг кæной. Растдæр сыгъдæг уæлдæф, цæугæдæттæ, донуæттæ, хъæдтыл баст у не ‘нæниздзинад, афтæ ма фидæны фæлтæры фæрныгад дæр. Нæ къухты ис нæ иумæйаг хæдзар сыгъдæг дарын, йæ æрдзон рæсугъддзинад хъахъхъæнгæйæ.

Ацы нысаниуæгджын боны мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын цæсгомджын куыст, куыстмæ æнувыддзинад, уæ разы лæууæг хæстæм принципиалондзинад æмæ хъæддыхдзинады тыххæй. Ныфс мæ ис, иумæйаг тыхтæй махæн нæ бон кæй суыдзæн нæ Райгуырæн зæххы рæсугъддзинад бахъахъхъæнын æмæ рауæрæх кæнын.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, дарддæры æнтыстытæ, сабырад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Зынаргъ хæлæрттæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын Республикæйы æппæт экологтæн профессионалон бæрæгбон-Экологы æмæ Æрдз хъахъхъæныны Дунеон боны цытæн.

Ацы бæрæгбон йæ цард алфамблай хъахъхъæнынæн чи снывонд кодта, æрмæст уыдоны бæрæгбон нæу,фæлæ ма æрдз проблемæтæм йæ хъус чи дары æмæ республикæйы экологон уавæр фæхуыздæр кæныны бæрндзинад чи æмбары, уыдоны дæр. Алы адæймаг дæр хъуамæ æмбара, мах нæ зæххы тыххæй дзуапп кæй дæттæм, ахъуыды кæна, æнæниз æмæ сыгъдæг экологи кæй сты æмбæстæгты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныны сæйраг критеритæ. Æрмæстдæр иумæйаг тыхтæй махæн нæ сбон суыдзæн бахъахъхъæнын нæ æрдзы хæзнатæ фидæны фæлтæры хæрзиуæгæн.

Республикæйы экологийы фарстытæм лæмбынæг хъусдард здæхт цæуы республикæйы къухдариуæгады ‘рдыгæй. Уыцы хъуыддаджы ахсджиаг нысаниуæг ис сымахæн, экологтæн дæр, экологтæм, кæцытæ сæ цард чи снывонд кодтой æрдз хъахъхъæнынæн æмæ æрвылбон дæр аудынц æрдзыл.

Мæ цæст уын уарзы быхсындзинад уæ хæрзиуæгон хъуыддаджы, амонд, æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.