Уавæртæ цæхгæр фæивтой, ацы æнæхайыры вирусы рапарахатæй фæстæмæ. Адæмæн фадат нал ис бæстæйæ бæстæмæ сæрибарæй цæуынæн, чи йе нæниздзинады, чи хионмæ цæуыны, чи та йæ улæфты рæстæг æндæр бæстæйы арвитыны нысанæн. Сæрибарæй цæуыны уавæртæ фæкъуындæг сты махæн, хуссарирыстойнаг адæмæн дæр Уæрæсейы территоримæ æмæ уырдыгæй Ирыстоны хуссар хаймæ æрбацæуынæн. Бæстæйы къухдариуæгады уыцы мадзæлттæ райсын бахъуыд, цæмæй тæссаг низ ма апарахат уа нæ республикæйы территорийыл, фадат ын ма уа бæстæмæ æрбаирвæзынæн.

Куыд зонæм, афтæмæй бирæ æмбæстæгтæн фадат ис Цæгат Ирыстоны консулон ха-йады æмæ нæ бæстæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хаххыл республикæмæ æрбацæуынæн. Сæ райгуырæн уæзæгмæ цадæггай æрцæуыны уавæртæ арæзт цæуы, бæрæг министрадты хаххыл Уæрæсейы Федерацийы территорийыл уæлдæр ахуыргæнæндæтты цы курсанттæ æмæ студенттæ ахуыр кæны, уыдонæн. Къуырийы размæ уыцы хъуыддагыл бакуыста Республикæйы Мидхъуыддæгты министрад. Волгограды академийæ, Воронежы мидхъуыддæгты институтæй, Ростов æмæ Сыбыры юридикон институтты ахуырадон уагдæттæм арвыстой сæрмагонд автобустæ æмæ æркодтой 58 курсанты. Æввахс рæстæджы ма дзы æркæндзысты 16 курсанты.  Сæхи æнæниздзинад бахъахъхъæныны æмæ республикæйы территорийыл тæссаг вирус ма апарахат кæныны нысанæн, курсантты комкоммæ бакæнынц æнæниздзинады уагдæттæм карантины рæстæг æрвитынмæ – Дзау æмæ Знауыры районон рынчындæттæм æмæ уазæгдон «Алан»-мæ.

Куыд æрвитынц сæ рæстæг курсанттæ карантины рæстæджы

Мах цымыдис кодтам ацы хъуыддагмæ. Ныхас кодтам, кæй зæгъын æй хъæуы, дæрддзæгмæ – дыккæгæм уæладзыгæй курсант, мах та рынчындоны кæрты, афтæмæй. Иу палатæйы сты цыппар курсанты – Дзассохты Отар, Къæбулты Димитр, Гасситы Мурат æмæ Хъотайты Димитр. Уыдон æдзух сæхи цæттæ кæнынц фæлварæнтæм, дыууæ фæлварæны дзы æнтыстджынæй радтой Хуссар Ирыстоны зæххыл.

«Еныр ма фæстаг фæлварæнмæ радтам нæ тыхтæ æмæ цæттæ кæнæм æппынæдзух нæхи.

Уый фæстæ, карантины рæстæг куы аивгъуыйа, уæд та нæхи цæттæ кæнæм Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы цытæн æфсæддон парадмæ. Уыцы æхсызгон цау нын фехъусын кодтой министрадæй», –   дзырдтой æвзонг лæппутæ.

Карантины уавæртæй райгонд чи у, фæлæ ацы лæппутæ райгондæй банысан кодтой, Знауырмæ сæ кæй ракодтой, уыцы хъуыддаг. Иттæг хорз уавæртæ, сыгъдæг хинайæнтæ, хæрзгъæд хæринæгтæ. Стæй сæ сæ ныййарджытæ дæр куыннæ буц кæнынц хæлцæй. Райсомы 11 сахатæй фыццаг сахатмæ хиуæттæн фадат ис хæринæгтæ бадæттынæн. Бар нæй нуæзтытæ æмæ æндæр ахæмтæ хæссынæн, уыдон бæрæг кæнынц районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ. Уыдон хъус дарынц курсантты уагахастмæ дæр æмæ райгонд сты æвзонг лæппутæ сæхи куыд дарынц, уымæй. 

Дохтыр дæр банысан кодта курсантты хæрзæгъдаудзинад

Знауыры районон рынчындоны сæйраг дохтыр Цъæриттаты Инна нын куыд радзырдта, уымæ гæсгæ карантины режим рынчындоны хъахъхъæнынц курсантты дыккаг парти. Фыццаг уыд Хъахъхъæнынады министрады курсантты къорд 21 адæймаджы скондæй. Нырттæккæ та уым карантины сты Мидхъуыддæгты министрады Ростовы уæлдæр ахуыргæнæн уагдонæй цы 14 курсанты æркодтой, уыдон. Медицинон персоналæй æдзух семæ сты дыууæ медицинон хо æмæ санитаркæ. Бон æртæ хатты уыдон барынц курсантты буары тæвд, сæ хъус дарынц алы фæзындмæ дæр. Бахъуыды рæстæджы курсантты бæрæг кæны дохтыр.

Бон æртæ хатты сын хæрын кæнынц хæринаг, хъарм дон, палатæты ис уазалгæнæнтæ, хæринаг хъармгæнæн пецтæ, интернетæй сты ифтонг, уымæн æмæ бирæтæн сæ уалдзыгон сесси æхгæд нæма у.

Дохтыр дæр банысан кодта, курсанттæ кæй сты хæрзæгъдау, хиуылхæцгæ сты се ппæт дæр.

Курсантты ацы къорд рынчындонмæ æрбакодтой 29 майы. Уæд сын арæзт æрцыд ви-рус рабæрæг кæныны нысанæн фыццаг тесттæ. Уыдонæн се ‘ппæтæн дæр уыд æп-пæрццаг фæстиуджытæ. Дыккаг сын арæзт æрцæудзæн карантины дæсæм, æртыккаг та цыппæрдæсæм бон.

Медперсонал ифтонг сты сæрмагонд хъахъхъæнæн уæлæдарæсæй, графикмæ гæсгæ бон æртæ хатты схизынц курсанттæм, иннæ рæстæг та сты сæхи «сыгъдæг зонæ-йы».

Ныртæккæ ахæм рæстæг у, æмæ алчидæр хъуамæ хъахъхъæна йæхи, йе ‘нæниздзи-над. Уымæн æмæ тæссаг вирус никæйы æв-зары, никæуыл ауæрды. Æмæ нæхи æмæ не ‘ввахс адæмы, бæстæйæн æнæниз фидæны тыххæй алчидæр хъуамæ уа цырддзаст.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.