Хуссар Ирыстоны цæуæг журнал «Русское слово»-йы радон номыры рацыдыл æрæджы журналкæсджытæ сæмбæлдысты æхсызгонæй. Журнал «Русское слово» ахъаз у иумиаг филологон æмæ ахуырадон тыгъдад рæзын кæныны хъуыддагæн. Уымæн йæ фыццаг номыр рацыдис æмæ рухс федта 2013 азы 6-æм июны.

4-æм июны Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты презентаци уыд журнал «Русское слово»-йы радон номырæн, кæцы сæрмагондæй уагъд æрцыдис Стыр Уæлахизыл 75 азы сæххæсты боны цытæн. Презентацимæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, «Россотрудничествойы» сæргълæууæг Сергей Скворцов, университеты ахуыргæнджытæ æмæ ректор Тедеты Вадим, афтæ ма уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы уæнгтæ.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы президент, ХИПУ-йы уырыссаг æвзаджы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Тедеты Зæлинæ. Уый банысан кодта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Уæлахизы бæрæгбоны егъау нысаниуæг, ирон адæмæн дæр ахсджиаг бæрæгбон кæй у æмæ йæ кæддæриддæр кад æмæ цытимæ кæй банысан кæнынц, уый.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты темæйы фæдыл журналы ацы номыры мыхуыргонд æрцыдысты, азы райдианы университеты цы сфæлдыстадон конкурс расидтысты, уый хайадисджыты бацæттæгонд куыстытæ.  Конкурсы хуыздæр хайадисджытæ хорзæхджын æрцыдысты дипломтæй æмæ сын арфæйы ныхæстæ загътой, адæмы рæгъмæ цымыдисон æрмæджытæ кæй рахастой, уый сæраппонд.

Тедеты Зæлинæйы ныхæстæм гæсгæ журналы сæрмагонд номырмæ æвзæрст æрцыдысты 12 хуыздæр куысты, кæцытæ дзурæг сты, историйы егъау бынат чи ахсы, уыцы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты темæйыл. «Мах фæндыдис Хуссар Ирыстонæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайад чи райста, уыдон тыххæй исты ног хабæрттæ радзурын. Ууыл та зæрдиагæй бакуыстой автортæ. Журналы цъарыл æвæрд æрцыд зындгонд ирон нывгæнæг Къадзты Вадимы конд ныв Гæздæнты бинонты трагедийы тыххæй. Йæ фыццаг фæрстыл та мыхуыр æрцыдысты Уæлахизы 75 азы юбилейы сæраппонд нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Федерацийы  Президент Владимир Путины арфæтæ», – загъта Тедеты чызг. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн журнал æмæ педагогон æмæхсæнадмæ стыр хъусдард кæй здахы æмæ сын финансон æххуыс кæй бакæны, уый тыххæй. Бузныджы ныхæстæ ма загъдгонд æрцыд университеты ректорæн дæр.

Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, журнал Хуссар Ирыстоны у популярон мыхуыры орган æмæ цымыдисон. «Ацы журнал стыр æххуыс у не скъолаты ахуырадон процессæн. Уый канд информацихæссæг нæу, фæлæ ма у зонадон-ахуырадон, цы ран нæ ахуыргæндтæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæ мыхуыр кæнынц се ‘рмæджытæ æмæ афтæмæй дих кæнынц сæ куысты зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Уырыссаг æвзаг, куыд паддзахадон æвзæгтæй иу, афтæ нæ Конституцийы фидаргонд чи у, уый махæн у тынг ахсджиаг. Махæн уырыссаг æвзаг куы нæ уа, уæд нæ сывæллæттæ нæ райсдзысты ахæм ахуырад, кæцы нæ хъæуы уыдонæн. Сымахæн мæ фæнды зæгъын бузныг, ахæм серьезон ахаст уын кæй ис уырыссаг æвзагмæ æмæ йæ кæй парахат кæнут, уый тыххæй», – загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг. Уый ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, сæрыстыр у сывæллæттæ аив кæй фæкæсынц уырыссаг æмдзæвгæтæ æмæ бæрæг кæй у, не скъолаты уырыссаг æвзаг æмбæлон æмвæзадыл кæй цæуы ахуыр, уый. «Сывæллæтты уыцы цæттæдзинадæй та бæрæг у, нæ ахуыргæнджытæ хорз кæй кусынц семæ æмæ кæй архайынц ууыл, цæмæйдæриддæр сæ хъомылгæнинæгтæ арфдæр банкъарой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ æмæ хайадисджытæм мах цы рыст, трагеди æмæ сæрыстырдзинад æнкъарæм, уый», – загъта Бибылты Анатоли.

Университеты ректор Тедеты Вадим та банысан кодта, зæгъгæ,  паддзахадон университет у уырыссаг дунейы центр нæ республикæйы æмæ сæ хъуыдыйы ис, цæмæй сæм баконд æрцæуой уырыссаг æвзаг, культурæ æмæ истори парахат кæм цæуой, ахæм центртæ. Республикæйы коронавирусы тыххæй карантин кæй бакодтой, уый аххосагæн сæ пълæнттæ не сæххæст сты, фæлæ архайдзысты, цæмæй  фæззæджы скъуыддзаг æрцæуа ацы фарст. Тедеты Вадимы ныхæстæм гæсгæ ма пълан кæнынц, цæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы фæуæлахизы цытæн бакæной музей. «Ацы хъуыддаг мах нымайæм ахсджиаг хъуыддагыл. Уый у нæ истори æмæ йæ хъуамæ зонæм. Музейæн нын зынаргъ экспонат радта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли. Се ‘ххуысы къух ма нæм фæдаргъ кодтой Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварад æмæ «Россотрудничество» дæр. Абон мæн фæнды зæрдиаг арфæ æмæ бузныджы ныхæстæ зæгъын æппæтæн дæр, кæцытæ сæ хайбавæрд хæссынц сæрыстыр кæмæй дæн, уыцы журналы размæцыды хъуыддагмæ. Бузныг уын уырыссаг дзырдæн стыр аргъ кæй кæнут, уый тыххæй», – йæ ныхас балхынцъ кодта университеты ректор.

Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов дæр банысан кодта журналы ахадындзинад, афтæ ма презентацийы ныхасгæнгæйæ, не ппæты дæр уырыссаг хъомысджын дзырд – Уæлахиз кæй иу кæны æмæ кæрæдзи кæй æмбарæм, уый. «Журналы редколлеги цы егъау куыст кæны, стæй уырыссаг æвзаджы ахуыргæнджыты уарзондзинад æгæрон кæй у, уый æз уынын æмæ мын ацы хъуыддаг у тынг æхсызгон. Æз уынын арф æмæ серьезон ахаст уырыссаг æвзаг, уырыссаг дзырдмæ сымахæрдыгæй æмæ уый махыл æфтауы стыр цины æнкъарæнтæ. Ахæм ахаст æмæ нывтæ мах уынæм алкуыдæр – университеты, скъолаты æмæ рæвдауæндæтты къултыл. Мæн абон фæнды раарфæ кæнын нæ иумиаг журналæн, цæмæй æнтыстджынæй цæуа размæ æмæ пайда хæсса адæмæн», – загъта Марат Кулахметов.

 ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.