Цытджын хæлæрттæ!

Абоны бон æнгом кæны, сæхи медиатыгъдады фæллой кæнынæн чи снывонд кодта, æппæт уыдоны. Уыдон та сты га-зетты, телерадикомпаниты, интернет-дзыллон информацион фæрæзты, республикæйы полиграфийы куыстуæтты кусджытæ.

Дзыллон информацион фæрæзты нысаниуæг нæ царды кæны ноджы ахсджиагдæр. Ахъуыдыгæнæн дæр нæй, æгæрыстæмæй чысыл нысаниуæджы проект кæнæ цау дæр прессæ куынæ равдиса, ууыл. Дзыллон информацион фæрæзты кусджытæ не ‘мбæстæгтæн æрмæст оперативон информаци нæ дæттынц нæ алфæмблайы цауты тыххæй, фæлæ ма æппæт дунейæн дзурынц, куыд цæры æмæ рæзы Хуссар Ирыстон, куыд скъуыддзаг кæнын æндидзынады, æмбæстæгты царды æмвæзад фæхуыздæр кæныны фарстытæ.

Бирæ хорз æрмæджытæ арæзт цæуынц Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты, се ‘нтыстыты тыххæй. Махæн ис, сæрыс-тыр цæмæй уæм, æмæ уыдоны тыххæй æрмæст республикæйы нæй базонæн, фæлæ ма дунейы дард бæстæты дæр.

Уæ профессионализмы фæрцы арæзт цæуы æхсæнады æмæ паддзахадон хицауиуæгады къабæзты диалог, ифтонг цæуы паддзахадон структурæты архайды æргомдзинад, æнтыстджынæй скъуыддзаг цæуынц адæмы адресон проблемæтæ.

Ныфс мæ ис, дарддæр дæр æнтыст-джынæй кæй скъуыддзаг кæндзыстут уæ разылæууæг хæстæ.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын æмæ уын мæ цæст уарзы æвæрццаг информацион цаутæ, фи-дар æнæниздзинад, фæрныгад, сфæлдыстадон уæлтæмæнад æмæ æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

***

Дзыллон информацион фæрæзты цытджын кусджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын сымахæн æмæ æппæт журналисттæн уæ профессионалон бæрæг-бон-Дзыллон информацион фæрæзты кусæджы боны цытæн!

Ныры тагъдиваг реалондзинады уавæрты уæ професси у уæлдай ахсджиагдæр æмæ хъæугæдæр. Ныры дуджы Дзыллон информацион фæрæзтæм сæйрагдæр домæнтæй сæ иу у æппæтыл æххæссæг информацион тыгъдад саразын, кæцы максималонæй æххæссы республикæйы æмæ  уымæн æддейæ цы цаутæ цæуынц, уы-доныл. Профессийы æнувыддзинад, объективондзинад, цаутæн раст аргъ кæнын ахъаз кæнынц æхсæнады демократон бындуртæ сфидар кæнынæн, æмæ журналистты алы дзырды тыххæй бæрндзинад хæссын аразынц æхсæнадон хъуыды, æххуыс кæны кæсджытæн сæ алыварс цæугæ  цаутæ æмбарынæн.

Цытджын хæлæрттæ, мæ цæст уын уарзы амонд, фæрныгад, сфæлдыстадон энерги, уæ куысты ног æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны  Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.