Дзæуджыхъæуы стадион «Спартак» масштабон реконструкци куы æрцæуа, уæд дзы уыдзæн 30 мин бынаты. Уый тыххæй фехъусын кодта футболон клуб «Алани»-йы вице-президент Гуыриаты Даниил. Уый куыд загъта, афтæмæй хъазæн фæз æмæ трибунæты ‘хсæн баззайдзысты лидзæн  фæндæгтæ. Уыимæ реконструкци бандавдзæн трибунæтыл иууылдæр, йæ æмбæрзт æмæ хъазæн фæзуатыл.

«Фæивдзæн æрмæстдæр стадионы конфигураци. Ныртæккæ стадионæн ис кулдуæртты фæстæ стыр трибунæтæ, стыр трибунæ ис хурскæсæны æрдыгæй æмæ хурныгуылæны æрдыгæй та у чысыл. Ныр  дыууæйы дæр са-раздзыстæм æмхуызон. Ома, хурскæсæны трибунæ баззайдзæн ахæмæй – уым цæуы 13,5 мин адæймаджы. Растдæр ахæм суыдзæн хурныгуылæйнаг трибунæ дæр. Ома, дыууæ сæйраг трибунæйы цæудзæн 27 мин адæймаджы. Къулдуæртты фæстæ трибунæтæ та уыдзысты чысылтæ – фæйнæ ярусы. Уымæн æмæ цъусдæр спортуарзджытæ цæуынц уыдонмæ, кулдуæртты фæстæ футболмæ кæсын къаддæр цымыдисондæр кæй у, уый тыххæй», – зæгъы Гуыриаты Даниил.

Уымæй дарддæр ма ивд æрцæудзæн трибунæты сæрмæ æмбæрзт. Куыстытæ бандавдзысты хъазæн фæзыл, уымæн ивд æрцæудзæн йæ дренаж.

Гуыриаты Даниил ма банысан кодта, зæгъгæ, цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы дæр командæ йæ хæдзарон хъæзтытæ  уадздзæн уым.

«Ныртæккæ кусæм уыцы здæхты. Чемпионаты фыццаг æртæ туры гæнæн ис æмæ акæнæм  æндæр стадионы. Уыцы рæстæджы та бацæттæ кæндзыстæм нæхи стадион, цæмæй райса дыккаг категорийы лицензи. Уæд дзы реконструкцийы рæстæджы дæр нæ бон уыдзæн хъæзтытæ уадзын. Трибунæтæ реконструкци цæудзысты уыцы иурæстæджы нæ, фæлæ радгай».

Гуыриайы фырт ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй стадионы реконструкцийы цæттæ проектæн презентаци нæ уыдзæн. Уый баст у уыимæ, æмæ цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы проект коррекцигонд кæй цæудзæн.

«Фыццаг нын цы проект æрбавдыстой, уым уыд æрмæстдæр 15 мин бынаты. Фæлæ йæ мах фæивтам. Уымæ гæсгæ нын фаг рæстæг нал уыд проектон документаци бацæттæ кæнынæн æмæ уый цæттæ цæудзæн цалцæггæнæн куыстытимæ иумæ. Науæд, зæгъæм æрмæстдæр проектыл куы куыстаиккам, уæд ууыл ацыдаит бирæ рæстæг æмæ реконструкцимæ æрæвнæлдтаиккам æрмæстдæр  иу азы фæстæ. Стадион та цæттæ хъуамæ уа Аланийы дзуарæфтыдыл 1100-азы сæххæсты бонмæ, ома, 2022 азмæ».

Ныртæккæ демонтажон куыстытæ цæуынц цæгаттаг æмæ хуссайраг трибунæтыл, афтæ ма хурскæсæны æмбæрзтыл. «Спартак»-ы реконструкцийы тыххæй федералон бюджетæй хицæн æрцыдысты 1,7 миллиард сомы.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.