Дзыллон информацийы фæрæзты цытджын кусджытæ, ацы фадыджы ветерантæ.

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон-  Дзыллон информацийы фæрæзты кусæджы боны цытæн.

Абоны бон дзыллон информацийы фæрæзты нысаниуæгæн, куыд нырыккон æхсæнадон, политикон, культурон æмæ социалон царды ахсджиаг къабаз, афтæ зын у аргъ скæнын. Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ, журналисттæ, сымах æххæст кæнут æмбæстæгты æргом æмæ раст информаци райсыны бар æхсæнадон хъуыды фидар кæнут æмæ хъахъхъæнут уæ кæсджыты интерестæ.

Ацы зын професси равзаргæйæ, сымах уæхимæ бæрн райстат, эфиры кæнæ та газеты уæ алы дзырды тыххæй дæр. Зындгонд куыд у, афтæмæй фидар дзырд адæмы æнгом кæны, ныфс сæм фæзынын кæны, фæлæ уымæн йæ бон у пырх кæнын дæр. Уымæ гæсгæ тынг ахсджиаг у, цæмæй журналисты фыст æрмæст цыргъ ма уа, фæлæ уа объективон, газетæй кæнæ телеэкранæй цæуа æрмæстдæр Республикæмæ уарзондзинады æнкъарæнтæ, нæ цард фæхуыздæр кæнынмæ тырнындзинад.

Мæ цæст уарзы дзыллон информацийы фæрæзты æппæт кусджытæн, полиграфисттæн, мыхуыргæнджытæн циндзинад, æнæниздзинад, фæрныгад æмæ ног сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

 

***

Дзыллон информацийы фæрæзты зынаргъ кусджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын уæ профес-сионалон бæрæгбон – Дзыллон информацийы фæрæзты кусæджы боны цытæн!

1906 азы 23 июль Хуссар Ирыстоны историйы ссис Ирыстоны журналистикæйы сæндидзыны бон, ирон æвзагыл рацыд фыццаг «Ирон газет».

Дзыллон информацийы фæрæзтæ бирæ азты дæргъы нæ республикæйы царды ахсынц ахсджиаг бынат. Нæ журналисттæ иу æмæ дыууæ хатты нæ равдыстой сæ хъайтардзинад, зын рæстæджыты информаци дæтгæйæ, се ‘нæниздзинад æмæ цард нывонд кæнгæйæ. Не ‘хсæнады цы фарстатæ цымыдис кæнынц, уыдонæй иууыл актуалондæр, лæмбынæгдæр фарстатæн дзуапп кæнгæйæ, сымах аразут адæмы æмæ хицауады ‘хсæн диалог, адæмы æмæ республикæйы проблемæтæ æргом кæнут объективон æгъдауæй. Журналистæй æрмæст дæсныдзинад, курдиат  æмæ оперативондзинад нæ домдæуы рæстæгыл æмæ æргом информаци раттыны тыххæй, фæлæ æмбæстагон бæрндзинад, рæстæгимæ иумæ æмдзу кæнынмæ тырнындзинад, æрмæджытæ  бацæттæ кæнын сфæлдыстадон арæхстдзинад.

Абон рахицæн кæнын хъæуы газет «Южная Осетия»-йы, кæцы нысан кæны йæ сæндидзыны бæрæгбон. Кæддæриддæр йæ фæрстыты ис бакæсæн цымыдисон æрмæджытæ, актуалон проблемæтыл, хъуысы дзы адæмы хъæлæс. Вæййы дзы цымыдисон интервьютæ æмæ ноджы  бирæ цыдæртæ ис фенæн æппæтадæмон уарзон газеты фæрстыл.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинд, уæ куысты æнтыс-тытæ æмæ  сфæлдыстадон уæлахизтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.