Æрбалæууыд та нæ бæрæгбон, дзыллон-информацион фæрæзты кусджыты бон. Советон дуджы дæр нысан кодтам ацы бон, фæлæ уый æрмæст мах нæ уыд, уый нын æндæртимæ иумæйаг бæрæгбон уыд, стæй æндæр бон æмæ æндæр номимæ – мыхуыры бон.

Стæй уыцы дуг куы фæивта æмæ, ихы сæрыл аззайгæйæ, нæ иумæйаг бæрæгбонтæй дæр æнæхай куы фестæм, уæд та ахъуыды кодтам уыдæттыл дæр æмæ ссардтам нæхи бон, нæ хабархæссæг фæрæзты профессионалон бæрæгбон – 23 июль, фыццаг ирон газет рухс цы бон федта, уыцы бон.

 Уæдæй дзæвгар азтæ рацыд. Нымад æрцыд нæ хæдбардзинад дæр æмæ кæд уый размæ азты нæ хæсыл нымадтам, цæмæй нæ куыстæй, нæ информацион тохæй ахъаз кæнæм, нæ хæдбардзинад нын исчи банымайа, уымæн, уæд ныр дыууадæс азы бæрц та нæ хæсыл нымайæм, цæмæй иу чысыл уæддæр исты фæахъаз уæм нæ хæдбар, нæ нымад паддзахады авторитет сырæзын кæнынæн.

Æмæ, Хуыцау уæлейæ, зæхх – бынæй, зæрдæхудт не стæм нæ фыдыбæстæйы раз, куыд не зноны, афтæ нæ абоны куыстæй дæр. Иугæр бæсты хин æмæ кæлæны политик Шеварднадзе æргомæй басаст, Хуссар Ирыстонмæ ахасты информацион хæсты састы бынаты кæй баззадысты, уæд уый бирæ цæуылдæрты дзурæг у. Уый у ууыл дзурæг, нæ журналистон æмæхсæнад хуыртæ кæй не ‘хсæста уыцы уæззау азты дæр. Уагæр афтæ ма нын кусыны, нæ уæнгтæ айвазыны фадат куы уыдаид, ныр нæ куыд амоны нæ къух, ныр куыд ифтонг стæм алыгъуызон информацион фæрæзтæй, уыцы ифтонгадæн нæ йæ иу проценты уæддæр куы уыдаид уыцы уæззау æмæ хъысмæтæвзарæн азты, уæд…

Кæд истæмæй зæрдæхудт стæм нæ профессионалон бæрæгбоны раз, уæддæр уый иумæйаг, дæрдтыл чи æнхъæвзы, ахæм зæрдæхудт нæу, иуæй-иутæ æфтауынц цæсты сæхи дæр æмæ мах не ‘ппæты дæр. Гонорар ма капеччытæ куы уыди, уымæй дæр-иу æй дæсгай мæйты куынæ райстам, уæд фысгæ нæ, куыстмæ дæр чи нæ цыд, ахæмтæ ныр сæ фырактивондзинадæй хæйрæджытæ фестадысты. Ахæм зæрдæхудты хабæрттæн ахъаз кодтам нæхæдæг дæр, суанг уæлейæ бынмæ райдайгæйæ. Алкæй дæр «иумæйаг колхозон хъæццулы» бын схуыссын кодтам. Курдиатджын æнæкурдиатджынæй, хорз – æвзæрæй, урс – сауæй хицæн кæныны принципыл комдзог рацыдыстæм. Æцæг журналист дæр æмæ æнæбары примитив дæр æмхуызон кады барæнтæй баринаг æмæ рæвдауинаг кæм уой, уым рæстуд æмæ цардæн аргъкæнынхъом адæймагæн йæ уд æмæ йе уонг мæлгæ кæнынц. Алы адæймаджы барæвдауын дæр, хуыздæрмæ, бæрзонддæр æмвæзадмæ йæ разæнгард кæнын арфæйаг хъуыддаг у, фæлæ нын фыдæлтæй куы баззад: чи цы хуызæн дзуар у, ахæм чъиритæй йын скувынц…

Æниу ма уыдæттæ рæгъмæ дæр куыд хъуамæ хæссæм, кæд æмæ нæ бæрæгбонтæн, ома, профессионалон бонтæн сæхи æхсæн дæр ис хъулæттæ?.. Уазал кабинетты-иу нæ къухтыл фу кæнгæйæ куы куыстам, пецты-иу нæ цæст фаг суг бандзарын дæр куы нæ уарзта, уæд-иу æндæрты та, уæлдайдæр – алыгъуызон пагонджынты, сæ профессионалон бæрæгбонты бæстыдзаг рæвдыд æмæ зынаргъ лæвæртты бын фæкодтой. Афтæмæй та мах цыппæрæм хицауад хонынц, мах стæм «боныгъæд» аразджытæ, æхсæнадон хъуыды хъæуæг фæндагмæ здахджытæ…

Фæлæ никуы фæтæргай стæм, æмæ нæ тæргай кæндзыстæм нырæй фæстæмæ дæр. Куыд фæзæгъынц, хъысмæтæй де ‘ргъомбасты цы фæуа, уый хъуамæ хæссай. Махæн не ‘ргъомбасты фæцис нæ раттæг адæм æмæ нæ фыдыбæстæйæн лæггад кæнын, æмæ сын лæггад кæндзыстæм.

Бæргæ-иу нæ куынæ хъæуид бæрæгбонты уайдзæфтæ æмæ æнæзæрдæхцон хабæртты кой скæныны сæр, фæлæ цы бакæнæм – не ‘мдзу кæнынц, уæгъд нæ нæ уадзынц бæрæгбоны дæр æмæ къаты бон дæр. Ницыма ис нæ царды ахæмæй, æнæзæрдæдзургæйæ цæуыл бацин кæнæм. Фæлæ уыцы хъæстаг æмæ æнæзæрдæхцон хъуыддæгтæ иууылдæр нæхи аххос сты, æндæр искæй нал бадардзыстæм азымы. Искæй дæлбарадæй фервæзын, нæхицæн хæдбардзинад  расидын куы сфæнд кодтам, уæд нæ сæйраг лозунг цы уыди?..

Не ‘взаг нын исынц!..

 Ныр та нын æй чи исы, чи нæ нæ уадзы не ‘взагыл дзурын, кæсын æмæ фыссын? Цæмæн ис ахæм бынаты, Хуссар Ирыстоны фыццаг рухсадон авдæн нæ иунæг ирон газет «Хурзæрин», йæ тираж къаддæр цæмæн у? Гуырдзы нæ нæ уадзынц ирон газет рафыссын æмæ кæсын?

Фæлæ та нæ тæргай кæнæм ууыл дæр. Уымæн æмæ куыдфæндыйæ дæр нæ риссæгтæй нæ цины хъуыддæгтæ фылдæр сты. Къæмдзæстыг цæмæйты стæм, уыдонæй фылдæр сты, нæ сæр бæрзæндты кæмæй хæссæм, уыдон. Нæ иууыл уæззаудæр азты рухсдæр фидæнмæ иумæ, æмудæй кæй цыдыстæм, нæ национ хиæмбарынады сæрвæлтау æмхуызон кæй тох кодтам, уымæй, уацхæссæгæй типографы дамгъæвзарæджы онг мæлæтхæссæг нæмгуыты бын кæй куыстам, уымæй. Боныфæстагмæ, нæ уæззау, нæ хъизæмайраджы иумæйаг уаргъы бын нæ сæрмæ «уæуу» зæгъын кæй никуы бахастам, уымæй.

Æмæ ма иу хабар: цыдæриддæр цæлхдуртæ æмæ æнæзæрдæхцон хъуыддæгтыл æмбæлæм, уыдон бынтондæр ницæмæ дариккам, нæ уæззау уаргъ кæимæ хастам, уыцы æмкусджытæ, коллегæтæй чидæртæ æвзонг æмæ куыстхъомæй куы нæ ацыдаиккой се ‘нусон дунемæ, уыдон дæр куы æрыййæфтаиккой, нæ иумæйаг тохы фæстиуæг, нæ тох æнæхъуаджы кæй нæ уыд, уый… Фæлæ цы бакæнæм, хъысмæты раз æдых æмæ æнæбон стæм…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.