Зынаргъ хæлæрттæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Дзыллон-информацион фæрæзты кусæджы боны цытæн!

Дзыллон информацион фæрæзтæ ахсджиаг ролы хъазынц нæ республикæйы æхсæнады политикон, социалон æмæ культурон царды. Хицауиуæгады  цыппæрæм къабаз уæвгæйæ, сымах æндавут Хуссар Ирыстоны уæвæг ахсджиаг процесстыл, аразут æхсæнадон хъуыды, уæзгæ хуынтæ хæссут паддзахады демократон принциптæ фидар кæнынмæ.

Хуссар Ирыстоны дзыллон-информацион фæрæзтæ сæ бæрзонд профессионалондзинад бæрæгæй равдыстой информацион блокадæйы уавæрты, гуырдзиаг æмæ ныгуылæйнаг пиар-технологтæ цы ныхдуртæ æвæрдтой, уыдон-иу куы атыдтой, уæд.

Уæ профессионалон миниуджытæн стыр фæлварæн уыд 2008 азы август, уæ цардæн тæссаг уавæрты-иу уæ куы бахъуыд сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл хуссайраг ирæтты хъæбатыр тохы тыххæй рæстдзинад дунеон æмæхсæнадмæ фæхæццæ кæнын, уæд. Уæ хæслæвæрдтыл æнувыд уæвгæйæ, сымах абон дæр уæ тыхтæ, уæ фæлтæрддзинадыл  нæ ауæрдут  дунеон аренæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны авторитет фæбæрзонддæр кæныны тыххæй, кæддæриддæр хъахъхъæнут уæ Райгуырæн бæстæйы интерестæ.

Уырны мæ, уæ бæрзонд компетентондзинад æмæ активон цардуагон позици дарддæр дæр фидар бындур уыдзæн ног профессионалон бæрзæндтæм схизынæн.

Ацы нысаниуæгджын бон сымахæн æмæ нæ бæстæйы территорийыл уæвæг уæрæсейаг информацион агентадты уæ коллегæтæн мæ зæрдæ зæгъы  амонд, фидар æнæниздзинад, сфæлдыстадон удцырындзинад æмæ æппæт банысангонд фæндты реализаци!

Сымахæн æмæ уæ бинонтæн – сабырдзинад æмæ хæрзиуджытæ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.