Дзыллон информацион фæрæзты цытджын кусджытæ, медиафадыджы ветерантæ!

РХИ-йы Хицауады æмæ сæрмагондæй мæхи номæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Дзыллон информацион фæрæзты кусæджы боны цытæн.

Нæ адæм хорз зонынц æмæ аргъ кæнынц дзыллон информацион фæрæз-ты кусджыты хъаруджын куыстæн, кæцытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æндидзынады иууыл зындæр рæстæ-джыты кодтой æнтысгæ куыст информацион блокадæ атоныны фæдыл ифтонг кодтой æмбæстæгты конституцион бар республикæйы æмæ дунейы цы социалон-политикон процесстæ æмæ цаутæ цыдысты, уыдоны тыххæй раст æмæ оперативон информаци райсыны фæдыл.

Дзыллон информацион фæрæзтæн абоны бон ис стыр нысаниуæг æмбæстагон æхсæнад, дунейы тыгъдады Хуссар Ирыстоны æвæрццаг хуыз саразыны хъуыддаджы.

Уæлдайдæр мæ фæнды банысан кæнын Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты куыст публикациты æмæ телерадиоалæвæрдтæн объективон анализ æмæ критикæ кæныны, фæсарæйнаг партнертимæ æмгуыстад фидар-дæр кæныны фæдыл.

Информацион технологиты рæзты ахсджиагдзинад æмбаргæйæ, республикæйы къухдариуæгад фæдфæды-лонæй скъуыддзаг кæны республикæйы масс-медиайы материалон-техникон базæ æмæ кадрон потенциал фæхуыздæр кæныны фарстытæ, кæцы фадат ратдзæн фыдыбæстæйон журналистикæ ног æмвæзадмæ ракæнынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы æнæниздзинад, амонд, би-нонты фæрныгад æмæ ног æнтыстытæ!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.