Дзыллон-информацион фæрæзты цытджын кусджытæ,  ветерантæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Дзыллон-информацион фæрæзты кусæджы боны цытæн!

Дзыллон-информацион фæрæзтæ сты æхсæнадон хъуыды аразыны тыхджын инструмент. Растдæр уæ объективон цæстæнгас æмæ куыстмæ цæсгомджын ахасты фæрцы æхсæнадæн фадат ис бæстæйы æмæ йæ арæнтæй ахизгæйæ, цы процесттæ цæуы, уыдоны фæдыл раст информаци райсынæн.

Нырыккон дунейы рауæрæх сты информацион хæстытæ. Информацион хæсты агрессоры ныхмæ фæлæууын хуссарирыстойнаг дзыллон-информацион фæрæзтæн æнцон нæу. Уæрæсейаг коллегæтимæ сымах бирæ азты дæргъы аккагæй лæуут знаджы ныхмæ, сæ разæй фæугæйæ, фидар æмæ æнæбыцæу факттæ æвдисгæйæ.

 «Иумæ цардысты, Фыдыбæстæйæн лæггад кодтой карз фыссæн сис æмæ хæдæхс, фронтон хæлардзинад уыд журналист, фыссæг æмæ поэтæн», – ацы рæнхъытæ ныффыста  Александр Жаров хæстон корреспондеттæн, кæцытæ уыдысты цауты тæмæны æмæ сты хæстытæ æмæ конфликтты æвдисæнтæ. Уыцы рæнхъытæ фыст сымахыл дæр сты, зынаргъ хæлæрттæ, кæцы равдыстат Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ территориалон æнæхъæндзинад хъахъхъæныны рæстæджы. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр кæй кæндзыстут цæсгомджын куыст, бæрзонд профессионализм æмæ равзаргæ фæндагæн æнæфæивгæ æнувыддзинады цæвиттон.

Ацы нысаниуæгджын бон мæ цæст уарзы сымахæн æмæ уæрæсейаг информацион агентадтæй уæ  коллегæтæн, кæцытæ кусынц нæ бæстæйы территорийыл, амонд, удцырынад, сфæлдыстадон идейæтæ æмæ проекттæ æнтыстджынæй реализаци кæнын, сабырад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.