РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Коцты Станиславæн йæ гуырæн боны сæраппонд. Республикæ Хуссар Ирыстоны Коммунистон партийы цытджын уæнг знон банысан кодта йæ 65 азы юбилей.

Президент, йемæ фембæлды рæстæджы, банысан кодта юби-ляры стыр лæггæдтæ паддзахадон арæзтады хъуыддаджы.

«Ды уыдтæ Информацион комитеты фыццаг къухдариуæггæнæг æмæ, бирæбæрцæй, дæ архайды руаджы æнтыстис Хуссар Ирыстоны алыварс информацион блокадæ атонын. Ды уыдтæ Парламенты Сæрдар, уым кусгæйæ дæр бахастай уæзгæ бавæрд Хус-сар Ирыстоны паддзахадон арæзтадмæ. Ды дæ Райгуырæн бæстæйы, дæ адæмы патриот. Мæнæн тынг æхсызгон у, абон мын фадат кæй ис дæ юбилейы цытæн раарфæ кæнын», – банысан кодта уый.

Коцты Станиславæн Бибылты Анатолийы цæст бауарзта царды хæрзиуджытæ, афтæ ма политикон процессты æмæ æхсæнадон архайды æнтыстытæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.