9 июнмæ сынсангонд парламентон æвзæрстытæ, куыд зонæм, афтæмæй уагъд цæудзысты мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ, ома, депутатты иу хай æвзæрст цæудзысты партиты номхыгъдтæм гæсгæ, æмæ иннæ хай та – иумандатон округты.

Ныртæккæ парламентон æвзæрстыты хайад цы партитæ райсдзысты, уыдон æвзæрстыты агъоммæ съездты фидар кæнынц партион æмæ иумандатон кандидатты номхыгъдтæ.

Хуссар Ирыстоны иууыл рагондæр парти – Коммунистон партийы уæнгтæ сæ съезды куысты рæстæджы сфидар кодтой боны фæтк, равзæрстой мандатон æмæ нымайæн къамисты уæнгтæ.

Боны фæткы фарстытæй иу уыд РХИ-йы Компартийы политикон платформæ, стæй æвзæрстытæ организацион æгъдауæй ауадзыны фарст. Уый фæдыл парти йæ хæстыл нымайы æддагон политикæ, æмткæй политикон системæ, экономикæ, социалон фадыг, барвæтк æмæ закъондзинад, кадрон политикæ, æмбæсагон сæрибардзинады фадыг, фæсивæдон политикæйы къорд ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хъуыддæгтæ биноныг кæнын æмæ РХИ-йы Парламенты радон æвзæрстытæм активонæй бацæттæ кæнын.

Съезды куысты хайад райстой сæдæ делегатæй фылдæр. Уыдон æмхъæлæсæй сфидар кодтой æвдæм сæвзæрст парламентмæ депутаттæм кандидатты партион æмæ иумандатон æвзарæн округты номхыгъдтæ. Съезды делегаттæ сусæг хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн сфидар кодтой депутаттæм кандидатты номхыгъдтæ.

Иумиагæй сисгæйæ Коммунистон партийы политикон платформæмæ гæсгæ партион номхыгъдты сты принципиалон, компетентон кандидаттæ, Фыдыбæстæйы патриоттæ, кæцытæ аккагæй хæсдзысты Парламенты депутаты кадджын ном.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Коммунистон партийы иумандатон æвзарæн зылдты номхыгъды кæй ис Хуссар Ирыстоны раздæры Президент Тыбылты Леонид. Коммунистон партийы раздзог Коцты Станислав куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ парти нæ размæ кæны Тыбылты Леониды кандидатурæ, фæлæ йæ фарс лæууынц.

Коммунистон партийы съезды куысты рæстæджы йæ сæрдар Коцты Станислав æрсидт партийы минæвæрттæм, цæмæй æвзæрстытæм активонæй бацæттæ кæной сæхи.

«Алкæмæн дæр нæ ис хæлæрттæ, хиуæттæ, сыхæгтæ, æмкусджытæ – уымæ гæсгæ сидын алкæмæ дæр, цæмæй активонæй хайад райсæм æвзæрстыты. Мах хъуамæ тырнæм иу нысанмæ – æвдæм сæвзæрст Парламенты максималон депутатон бынæттæ бацахсынмæ», – банысан кодта Станислав.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.