УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацион Советы Сæрдар Валентинæ Матвиенко

Валентинæ Матвиенко телефоны дзургæйæ раарфæ кодта РХИ-йы сæвзæрст Президент Бибылты Анатолийæн æвзæрстыты йæ ныфсджын уæлахизы тыххæй.

 

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав

«Æмбæстæгтæ дæуыл цы стыр æууæнк сæвæрдтой, уый дзурæг у дæ райгуырæн республикæйы рæзт æмæ рацаразындзинæдты, йæ хицауиуæгад сфидар кæныны хъуыддагмæ де стыр хайбавæрды тыххæй», – загъта уый.

Цæгат Ирыстоны къухдариуæггæнæг РХИ-йы сæвзæрст Президентæн загъта куысты æнтыстыты фæндиæгтæ, цæмæй сæххæст уой йе снысангонд фæндтæ, цæмæй  разына йе ‘взарджыты æууæнкы аккаг æмæ Хуссар Ирыстоны акæна ног æнтыстытæм.

Битарты Вячеслав ма ныхас кодта архайæг президент Тыбылты Леонидимæ æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонæн йæ раздзоджы политикон куырыхондзинад, хъуыдыгонд къахдзæфтæ æмæ дард уынындзинады фæрцы йæ къухты бафтыд социалонэ-кономикон рæзты хорз фæстиуджытæ.

«Леонид Харитоны фырт бирæ сарæзта йæ адæмæн, æмæ уый ногæй равдыста уыдоныл йæ аудындзинад, æвзæрстыты фæстиуджытæ аккагæй кæй райста адæмы сабырдзинады сæраппонд, уымæй», – банысан кодта Битарты Вячеслав.

 

РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев

Де ‘мзæххонтæн сæ фылдæр дæуæн раттой сæ хъæлæстæ, дæу банымадтой, аргъ кæмæн нæй, æфсымæрон Хуссар Ирыстоны уыцы фарн æмæ æнтыстджын размæцыды гарантыл. Разæй дæумæ, дзырд дæр ыл нæй, æнхъæлмæ кæсы зын æмæ бæрнджын куыст. Фæлæ уыимæ иумæ мæн фидарæй уырны, дæ царды æмæ профессионалон фæлтæрддзинад, дæ адæммæ æцæг уарзондзинад дæуæн кæй уыдзысты ахъаз дæ райгуырæн республикæйы цæрджыты хæрзиуæгæн де ‘ппæт нывæзтытæ æмæ саразинæгтæ сæххæст кæныны хъуыддаджы. Æмæ де ‘мзæххонтæ дæуыл уыцы стыр æууæнк кæй бафтыдтой, уый æнæдызæрдыгæй, суыдзæн сабыр, дидинæфтауæг æмæ хæдбар Хуссар Ирыстоны царды бындур», – дзырдæуы арфæйы телы.

Цæгатирыстойнаг Парламенты Сæрдар загъта ногсæвзæрст Президентæн æнтысгæ фæллойы фæндиæгтæ йæ адæмæн лæггад кæныны арфæйаг фæндагыл цæугæйæ.

 

Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимба

Цытджын Анатоли Иляйы фырт!

Æппæт зæрдæйæ дын арфæ кæнын Республикæ Хуссар ирыстоны Президенты бынатмæ дæ кæй сæвзæрстой, уый цытæн.

Абхазы адæм стыр хъарм зæрдæ дарынц уæ республикæмæ. Фидарæй мæ уырны, иумæйаг хъаруты фæрцы мах кæй сифтонг кæндзыстæм нæ бæстæы æхсæн дывæрсыг æмгуыстад алы фадгуыты дæр нæ бæстæты адæмты хæрзиуæгæн, афтæ ма регионалон сабырдзинад æмæ æдасдзинады сæраппонд.

Фидарæй мæ уырны, дæ разамынады фæрцы нæ рсепубликæты æхсæн æмахастытæ дарддæр дæр кæй фидар кæндзысты æмæ рæздзысты.

Зæрдиагæй дын зæгъын, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, æнæниздзинады, хæрзиуджыты æмæ æнтыстыты фæндиæгтæ ахæм бæрнон бынаты дæ разылæууæг фарстытæ скъуыддзаг кæнгæйæ.

 

 

Донецкы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Александр Захарченко

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Зæрдиаг афæ дын кæнын Республикæ Аланийы Президентон æвзæрстыты фыццаг туры дæ ныфсджын уæлахизы сæраппонд. Фидарæй мæ уырны, дæ разамынд Республикæ Аланийæн кæй суыдзæн дидинæфтыды, æнæрлæугæ размæцыды æмæ уæ бæстæйы фæрныгады рæзты фæрæз.

Ды бирæ хæттыты уыдтæ Донецкы Адæмон Республикæйы уазæг, æмæ нын æххуыс кодтай нæ паддзахады арæзтады. Дæ хайадисты фæрцы нæ бæстæты æхсæн бастдзинæдтæ кодтой фидардæр æмæ хуыздæр, нæ экономикон æмæ культурон æмгуыстад та рæзы дарддæр дæр. Ды хъуыддаагæй равдыстай, нæ адæмты æхсæн æцæгæйдæр кæй ис æфсымæрон ахастытæ.

 

Хæххон Хъарабахы Республикæйы Президент Бако Саакян

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Республикæ Арцахы адæм, нæ хицауад æмæ мæхи номæй дын зæрдиаг арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны – Паддзахад Аланийы  Президентон æвзæрстыты дæ уæлахизы тыххæй!

Фидарæй мæ уырны, дæ хисæрмаонд миниуджытæ, дæ рацæугæ фæндаг, зонындзинæдтæ æмæ паддзахадон æмæ æфсæддон архайæджы стыр фæлтæрддзинад кæй сараздзысты æнæмæнгхъæуæг бындур, цæмæй дæ разамынды фæрцы æфсымæрон Хуссар Ирыстон дарддæр дæр хорз размæцыдæй цæуа размæ æмæ фидар кæна йæ хицауиуæгад.

Ноджыдæр дын арфæ кæнын, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, бæстæйы сæргълæууæджы бæрнон бынатмæ дæ сæвзарыны тыххæй.

Мæ цæст уарзы дæуæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æппæт адæмæн фарн æмæ дидинæфтыд, æнытстытæ æмæ æппæт хæрзиуджытæ!

 

УФ-йы Федерацийы Советы комитеты сæрдар Константин Косачев

Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Арфæ дын кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны Президентон æвзæрстыты дæ ныфсджын уæлахизы сæраппонд.

Фидарæй мæ уырны, дæ фæлтæрддзинад, уыцы нымæцы парламентаризмы фадыджы, хуссарирыстойнæгты хæрзиуæгыл дæ аудындзинад ног цардаразæн хъаруимæ дæуæн ахъаз кæй уыдзысты ахсджиагдæр æттагполитикон æмæ социалон-экономикон хæстæ скъуыддзаг кæнынæн.

Мæ цæст уарзы дæуæн, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, æнытстытæ бæрзонд паддзахадон бынаты, Республикæйæн та – фарн, сабырдзинад æмæ диинæфтыд.

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты æвзæрстыты йæ уæлахизы цытæн ма Бибылты Анатолийæн раарфæ кодтой:

Акционерон æхсæнад Газмпромы Правленийы сæрдар А.Б.Миллер, УФ-йы Федерацион Советы Сæрдары хæдивæг И.М-С. Умаханов, УФ-йы Федералон Æмбырды Паддзахадон Думæйы депутат И.М. Тетерин, ХПÆ-йы хъуыддæгты фæдыл Паддзахадон Думæйы Комитеты Сæрдар Л.И.Калашников, УФ-йы Падзахадон Думæйы депутат Гæззаты В.Г., Паддзахадон Думæйы Хъахъхъæнынады фæдыл комитеты сæрдары фыццаг хæдивæг А.Л.Красов, УФ-йы Кемеровы областы Губернатор А.М.Тулеев, Астраханы областы Думæйы Сæрдар И.А.Мартынов, Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Уæлдæр Советы Сæрдар Александр Щерба, Ростовы областы Закондæттынадон Æмбырды депутат, Социалон политикæ, куысты, æнæниздзинад хъахъæныны æмæ æхсæнпарламентон ахастыты фæдыл æмгуыстады комитеты сæрдар В.П.Гурин, УФ-йы Уæлвæткон уавæрты министрады-ы Цæгат Ирыстоны-Аланийы Управленийы хистæр Александр Хоружий, Политикон парти «Алантæ»-йы сæрдар Къæбысты И.И., «Евродон»-ы компаниты корды сæргълæууæг Уанеты Вадим, Абхазы парти «Амцахара»-йы сæрдар Алхас Квициния, æхсæнадон организаци «Союз народов самарской области»-йы сæрдар Хуыгаты Ростислав, Патриотон клуб «Родина»-йы сæрдар Хъарданты Тимур, Парлментон центр «Комплексная безопсность Отечества»-йы правленийы разамонæг Сергей Харьков, Паддзахадон Думæйы дыккаг æмæ æртыккаг æрсидтыты депутат Чехойты Анатоли, Булкон Габадты Ч.У., инæлар-булкон Суанты Станислав, Цæгат Ирыстоны Паддзахадон уиверситеты ректор Огъуаты А.У., Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг Епископ,Сотихы Республикæйы Уырыссаг Чырыстон аргъуанты разамонæг Леонид, æмæ а. д. 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.