Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Дипломатон кусæджы боны цытæн.

«Бирæ азты дæргъы хуссарирыстойнаг дипломатийы уæвынад æнæфæивгæйæ хицæн кæны уæлдай организаци кæнынад æмæ æхсæнадæмон барты нормæтæм хъус дарыны иузæрдыгдзинад. Зын æддагполитикон уавæрты сымах кæнут ахсджиаг куыст æхсæнадæмон аренæйы Республикæ Хуссар Ирыстоны позицитæ сфидар кæнын, патриотизм, нысанмæздæхт æмæ службæ-йон хæсмæ æнувыддзинад æвдисгæйæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент бузныджы ныхæстæ загъта Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады кусджытæн сæ цæсгомджын архайды тыххæй нæ бæстæйы динамикон рæзт сифтонг кæныны интересты. Йæ цæст сын бауарзта фидар æнæниздзинад, амонд, æвидигæ энерги æмæ дипломатон фæндаджы стыр æнтыстытæ, сабырад æмæ фæр-ныгад сæхицæн æмæ сæ бинонтæн.

Президент ма раарфæ кодта Информаци æмæ мы-хуыры Паддзахадон комитеты сырæзтыл 28 азы сæх-хæсты цытæн.

«Куыд Информаци, мыхуыр æмæ рауагъдады министрад саразгæйæ уæ ведомство стыр хайбавæрд бахаста хæдбар Хуссарирыстойнаг паддзахады арæзты бындурмæ. Гуырдзыстоны хæстон архайдтыты тæмæны сымах информацион блокадæ иуварс кодтат, дунейы æхсæнады онг хастат бæстæйы цауты тыххæй рæстдзинад.

«Уæ разы лæууынц зын фарстатæ сабыр арæзты азты дæр. Сымах, æмæ Информаци æмæ мыхуыры фадыджы æххæст архайдыл, баст сты царды бирæ ахсджиаг процесстæ, кæцытæ ахъаз кæнынц бæстæйы æхсæнадон-политикон æмæ социалон-экономикон стабилондзинад сфидар кæнынæн», – загъта Бибылты Анотоли. Уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта, ведомствойы бындуры райдианы чи лæууыд, æппæт уыдонæн.

Афтæ ма Президент раарфæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон æдасдзинады комитеты сырæзтыл 28 азы сæххæсты боны цытæн.

«Бæстæйы æдасдзинад, йæ суверенон интерестæ хъахъхъæнын алы хатт дæр уыдысты уæ службæйы сæйраг нысан. Ведомствойы сырæзтæй фæстæмæ, сымах аккагæй æвдисут Хуссар Ирыстоны тыхтæ, æнтыстджынæй скъуыддзаг кæнут паддзахадон хæстæ, бæрзонд профессионализм, арф зонындзинæдтæ æмæ уæ равзаргæ фæндагмæ æнувыддзинад æвдисгæйæ.

Абон сымах æнтыстджынæй иуварс кæнут нырыккон тасдзинæдтæ, аразут уавæртæ Республикæ Хуссар Ирыстоны эффективон рæзтæн. Кадимæ æххæст кæнут уæ службæйон хæстæ, сымах æхсарджынæй æмæ бæрнджынæй тох кæнут организацион фыдракæндты ныхмæ, иуварс кæнут контрабандæ, наркотикты æнæзакъонæй уæй кæнын, æхсæнадæмон терроризм æмæ экстремизмæн, ифтонг кæнут бæстæйы информацион æдасдзинад», – загъта Президент.

Арфæйы ныхæстæ ма Бибылты Анатоли загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Арæнгæрон управленийы æфсæддон службæгæнджытæ æмæ ветерантæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн.

«Цытджын арæнхъахъхъæнджытæ!

Сымахæй службæ домы бæрзонд профессионалон цæттæдзинад æмæ бæрндзинад, цырддзастдзинад æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты архайынмæ арæхстдзинад. Растдæр сымах стут паддзахады территориалон æнæхъæндзинад, æдасдзинад æмæ йæ арæнтæ ма фехалыны фидар гарант.

11 азы дæргъы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Арæнгæрон управленийы службæ ссис регионы стабилондзинад æмæ сабырады бындур. Бузныг уын, уæ зын куыст, уæндондзинад æмæ æхсардзинады тыххæй. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр афтæ бæрнджынæй æмæ цæсгомджынæй кæй службæ кæндзыстут Республикæ Хуссар Ирыстоны сабырад сифтонг кæныны фæдыл.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, уæ служ-бæйы сабырдзинад, амонд æмæ фæрныгад уæ бинонтæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.