Æрæджы паддзахадон информацион агентад «Рес» банысан кодта йæ сырæзты 25 азы юбилей. Ацы азты дæргъы агентадæн фадат уыд дунейы информацион тыгъдады аккаг бынат бацахсынæн. Йæ æрмæджытæ йын æхсызгонæй фæрсынц дунейы интернет тыгъдады. Ацы информацион агентады юбилеон боны цытæн сæм арфæ кæнынмæ æрбацыд Президент Бибылты Анатоли.

Уый арфæ ракодта информацион агентады къухдариуæгад æмæ кусджытæн агентады сырæзты боны цытæн, банысан кодта, кæй æххæст кæнынц егъау, гуырахстджын куыст, Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутæ объективонæй æвдисгæйæ.

«Бузныг уын ноджыдæр, ныртæккæйы вазыгджын уавæрты, ног коронавирусон инфекцийы пандемийы рапарахатæй цы зындзинæдтæ æвзæры, уымæ ӕнæкæсгæйæ цæсгомджынæй æххæст кæнут уæ профессионалон хæстæ», – загъта бæстæйы сæргълæууæг.

Президент ма банысан кодта, республикæйы къухдариуæгад кæдфæндыдæр æргом кæй у информацион фæрæзты минæвæрттæн, нæ тæрсы цыргъ фарстатæй фæлæ сиды æргомдзинад æмæ объективондзинадмæ. Фæлæ уыцы-иу рæстæджы Бибылты Анатоли растыл нæ нымайы, хицæн информацион фæрæзтæ социалон хызæгты кæй мыхуыр кæнынц æбæлвырд информаци.

Уый æрсидт цæрджытæм рæстаг информаци хæссыны ахсджиаг хъуыддагмæ, банысан кодта: нæ æмбæстæгтæ дам-думтæй ма хъуамæ исой мæнг информаци

«Проблемон фарстатæ уынаффæмæ хъуамæ хæссой журналисттæ. Мæн ныфс ис, æмæ агентады коллективмæ цы фæлтæрддзинад ис, уымæй пайдагæнгæйæ оперативон, профессионалон æмæ раст информаци кӕй дӕдтдзысты кæсæгæн», – дзырдта уый.

Бæстæйы сæргълæууæджы цæст юбилей нысангæнджытæн бауарзта æнæниздзинад, амондджын цард, сфæлдыстадон æнтыстытæ æмæ сæ профессийы ног бæрзæндтæм тырнындзинад.

Ацы агентад саразынмæ æгæрон хайбавæрд чи бахаста, уый – Парламенты информацион-аналитикон управленийы къухдариуæггæнæг, РХИ-йы Журналистты цæдисы сæрдар, журналистикæйы ветеран Харебаты Батрадз дæр зæрдиаг арфæ ракодта йæ коллегæтæн æмæ радзырдта, информацион агентад куыд рæзт æмæ йæ куыст цæмæй райдыдта. Ныртæккæ, зæгъгæ, агентад рахызт дунеон æмвæзадмæ æмæ уый кады аккаг у. Йæ коллектив уыцы бæрзонд статусмæ æмных хъуамæ кæной.

 Ацы зындгонд адæймаг ма уыцы бон нысан кодта йæ 70 азы юбилей. Президент Бибылты Анатолийы цæст уымæн дæр бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ дарддæры профессионалон æнтыстытæ.

Харебаты Батрадз информацион фадыджы куыста æмæ архайдта Хуссар Ирыстонæн иууыл уæззаудæр бонты. Нæ Республикæйы арæзтад æмæ уæвынадмæ бахаста æгæрон хайбавæрд. Æмæ йын уыцы æвæджиаг куысты тыххæй бæстæйы сæргълæууæг загъта стыр бузныджы ныхæстæ.

Журналистикæйы фадыгмæ йæ егъау хисæрмагонд хайбавæрд, бæрзонд профессионализм æмæ йæ райгуырды боныл 70 азы сæххæсты цытæн Бибылты Анатоли Харебаты Батрадзы схорзæхджын кодта Хæлардзинады Орденæй.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутæ объективонæй æвдисын æмæ йæ сы-рæзтыл 25 азы сæххæсты тыххæй бæстæйы сæргълæууæг паддзахадон информацион агентад «Рес»-ы схорзæхджын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæйæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.