Зынаргъ рауагъдонтæ!

Арфæ уын кæнын скъолайы фæуды цытæн!

Уæ финалон ахуыры аз уыд зын, фæлæ сымах аккагæй фæтых стут æппæт зындзинæдтыл. Æмæ мах сæрыстыр стæм сымахæй!

Сымах райстат зонындзинæдты егъау багаж, базыдтат царды фыццаг уроктæ. Ныр та æрцыд рæстæг фыццаг сæрмагонд къахдзæфтæ царды  саразын, цыран ахсджиаг у курдиаттæ реализаци кæнын, зындзинæдтæ иуварс кæнын æмæ фæндвидарæй æмæ хъæддыхæй уæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнын.

Фидæны сымахмæ бирæ плæнттæ ис. Бæллут, æвзарут уæ фæндаг æмæ професси уæхи фæндонмæ гæсгæ. Уæ разы æвæрут бæрзонд нысæнттæ, исут ног зонындзинæдтæ, гом кæнут ног фæндæгтæ.

Ныфс мæ ис, сымах аккагæй кæй иуварс кæндзыстут æппæт зындзинæдтæ.

Тырнут хæлардзинады, æнувыддзинады æмæ аудындзинады æнкъарæнтæ бахъахъхъæнын æмæ фылдæр кæнынмæ – уыдоны мидæг ис уæ дарддæры æнтыстыты æмæ уæлахизты бындур.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Уадз æмæ уын алы хатт дæр уæрæхæй гом кæнæт æппæт дуæртæ ног дунемæ, æмæ æххæст кæнæт уе ‘ппæт бæллицтæ!  Мæ цæст уын уарзы амонд, фæрныгад, оптимизм, уæ тыхтыл æууæндындзинад æмæ æнтыстытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар ПУХАТЫ Эрик

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.