Цытджын ахуыргæнджытæ, педагогон фæллойы ветерантæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Ахуыргæнæджы боны цытæн!

Зын, фæлæ  ахуыргæнæджы  арфæйагкуыст алы рæстæджыты дæр уыд тынг кадджын. Уæ ныхфыстыл æгæрон иузæрдыгдзинады цæвиттон æвдисгæйæ, сымах бæрзонд хастат ахуыргæнæджы ном, рæстæгимæ иумæ æмдзу кодтад, куыстат уæ дæсныйад фæбæрзонддæр кæныныл. Æмæ абон мах сæрыстыр стæм ахуыргæнджыты нысанмæ тырнындзинад æмæ куырыхондзинадæй, кæцытæн сæ дæсныйад сси сæ царды ахсджиаг хъуыддаг.

Бузныг уын уæ равзаргæ фæндагыл иузæрдыгдзинад, уæ хæларзæрдæ, æмæ дуне хорзæрдæм фæивынмæ уæ  тырнындзинады тыххæй. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр æнтыстджынæй кæй кусдзыстут, уæ зонындзинæдтæ, тыхтæ, курдиат кæй хардз кæндзыстут РХИ-йы фидæн – рæзгæ фæлтæры дунеæмбарынады рæзт æмæ хуыздæр цы у, ууыл сæ бафтауыныл.

Мæ цæст уын уарзы, зынаргъ хæлæрттæ, фидар æнæниздзинад, фæрныгад, дарддæры æнтыстытæ! Сабырад æмæ хорздзинад сымахæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

 

***

Цытджын ахуыргæнджытæ, педагогон фадыджы фæллойгæнджытæ æмæ ветерантæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй зæрдæбын арфæтæ кæнын уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Ахуыргæнæджы куыст, кæй зæгъын æй хъæуы, у бæрнджын, кæцы домы бæрзонд профессионализм, уды æмæ уæнгты стыр тых, куырыхондзинад, быхсындзинад, удуæлдайдзинад. Æцæг ахуыргæнæгæн нæй уæвæн, сывæллæттæм æгæрон уарзондзинады æнкъарæнтæ куынæ уа, уæд.

Сывæллонимæ фæлмæн ныхас кæнын ахъаз сты уый хæрзнамысы фæндагыл бафтауын, зын фарстатæ скъуыддзаг кæнынæн, ардауы сæ хорз хъуыддаг саразынмæ, гоймагон рæзтмæ. Ахæм сты педагогон традицитæ нæ республикæйы, кæцыты дарддæр кæнынц æвзонг, курдиатджын ахуыргæнджыты фæлтæртæ.

Ацы нысаниуæгджын бон мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъын педагогон фæллойы ветерантæн. Уыдоны фæрцы не скъолаты коллективтæ сфæрæзтой зын рæстæджыты фæлварæнтæн, уымæй уæлдай ма сæ куысты æнтыстытæ дæр равдыстой.

Зынаргъ хæлæрттæ! Мæ сæрæй уын ныллæг кувын уæ удуæлдай куыст, зæрдæйы хъарм æмæ куырыхондзинады тыххæй, кæцыты сымах рæдауæй таут уæ ахуырдзаутæн æмæ хъомылгæнинæгтæн! Уадз æмæ уемæ алы хатт дæр æмдзу кæнæд, царды фæндаг кæмæн равдыстат, уыдоны уарзондзинад, кад æмæ æгæрон бузныджы æнкъарæнтæ!

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, циндзинад, æвидигæ сфæлдыстадон тыхтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик

 

***

Нæ цытджын  педагогон фæллойы ветерантæ æмæ ахуыргæнджытæ!

Зæрдиаг арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Ахуыргæнæджы боны цытæн!

Рагæй фæстæмæ æппæт адæмты ‘хсæн дæр ахуыргæнæджы дæсныйад нымад цыд иууыл кадджындæрыл. Уый у хæрзнамысы, ахуырдзинад æмæ сывæллæттæм уарзондзинад æвдисæг. Сымахæн уæ фæллойаг у нæ иууыл зынаргъдæр хæзна – адæймаг!

Сымах уæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад лæвар кæнут рæзгæ фæлтæрæн, æххуыс сын кæнут хъомыл цардмæ бахизынæн. Уæ дæсныйад æмæ педагогон зонынадыл баст у нæ бæстæйы фидæн, уымæн æмæ ахуыргæнæджы нысаниуæг махæй алкæйы царды дæр у ахсджиаг. Сымах нæ раст фæндагыл лæууын кæнут, дунеимæ нæ зонгæ кæнут, рæзын кæнут гоймагон миниуджытæ, æвдисут нын цæвиттон.

Абоны бон махæй алчидæр бузныджы æнкъарæнтимæ æрымысы йæ ахуыргæнджыты. Уæлдай стырдæр бузныг зæгъын хъæуы ацы фадыджы ветерантæн, кæдон дарддæр дæр кусынц, сæ фæлтæрддзинад амонынц æвзонг ахуыргæнджытæн.

Ацы нысаниуæгджын бон уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, сабырад æмæ фæрныгад. Уадз æмæ  уæ равзаргæ куыстæй ут райгонд, хæссæд уын цин æмæ уын уæд кад æмæ нымысгæнæг!

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы

 Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

 

***

АРФÆ ТАДТАТЫ АЛАНÆН

Цытджын Алан Сергейы фырт!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмæ сæрмагондæй мæхи номæй зæрдиаг арфæ кæнын дæуæн æмæ Уæлвæткон уавæрты министрады сæрмагонд скондæн РХИ-йы Уæлвæткон уавæрты сырæзты 10 азы цытæн.

Уæлвæткон уавæртæ аиуварс кæнын æмæ рæстæгыл сбæрæг кæнын у уæ ведомствойы сæйраг хæс. Цыбыр æмгъуыдмæ Уæлвæткон уавæрты министрады кусджытæ хъуыддагæй сбæлвырд кодтой æрдзон æмæ техногенон хуызы æнамонддзинæдтæ оперативон æгъдауæй иуварс кæнын сæ бон кæй у.  Бузныг уын уæ зын куыст, хъайтардзинад, лæджыгъæд æмæ экстремалон уавæрты чи бахауы, уыцы адæмæн рæстæгыл æххуысмæ, сæ фарсмæ æрбалæууынмæ кæй рæхсут, уый тыххæй.

Сæрмагонд дисциплинæ æмæ фæразондзинадæй сымах алы хатт дæр сбæлвырд кæнут, ирвæзынгæнджыты æхсæн кæй нæй æнæрхъуыдыйæ æрбацæугæ адæм.

Мæ цæст уын уарзы сабыр арвы бын царды фæндиæгтæ, æнæниздзинад æмæ фæрныгад сымахæн æмæ уæ бинонтæн.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы

 Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.