Зынаргъ рауагъдонтæ!

Арфæ уын кæнын уæ царды диссаджы æмæ зæрдылдарæн бон – скъола каст фæуыны боны цытæн.

Уый иуæрдыгæй у бæрæгбон, иннæрдыгæй та у æнкъард бон. Сымах хæрзбон зæгъут уæ саби бонтæ, скъола, ахуыргæнджытæн, кæцытæ аивгъуыйгæ азты сымахæн систы æввахс адæймæгтæ. Сымах уæ фыццаг къахдзæфтæ аразут царды, уæ разы æвæрут серьезон, æцæг хæстæ, ахуыр кæнут хигъæдæй уынаффæтæ исыныл. Уæ фидæны царды бындур æвæрд æрцыд скъолайы, цыран уын уæ ахуыргæнджытæ лæвар кодтой зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад, архайдтой нæ республикæйы аккаг æмбæстæгтæ схъомыл кæныныл.

Сымах ныридæгæн сбæрæг кодтат уæ професси царды, æмæ мæ ныфс ис, уæ фæндтæ кæй сæххæст кæндзыстут, кæй раргом кæндзыстут уæ курдиæттæ. Мах, хистæр кары адæймæгтæ, уæ ныййарджытæ, ахуыргæнджыты ныфс ис, аккаг ахуырад райсгæйæ, сымах царды кæй ссардзыстут уæ бынат æмæ уæ бон кæй суыдзæн æппæт фадгуыты уæхи среализаци кæнын – медицинæ, спорт, зонад, ахуырад, культурæ, хъæууон хæдзарад æмæ сæудæджерады.

Мæ цæст уын уарзы рæсугъд æмæ цинхæссæг фæндæгтæ, оптимизм æмæ æнтыстытæ æппæт уæ хъуыдытæ æмæ плæнттæ сæххæст кæныны фæдыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.