Президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кириллæн йæ райгуырæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Патриарх!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ райгуырæн боны цытæн!

Хуыцауæн бирæ азты дæргъы лæггад кæнгæйæ, æппæт тыхтæ Уырыссаг Чырыстон аргъуаны фæрныгадæн лæвар кæнгæйæ ды чырыстон адæмæн дæ динæн лæггадгæнæджы цæвиттон. Ды бирæ аразыс монон-хæрзнамысон æргъадтæ хъахъхъæнынæн, ахсджиаг хайбавæрд хæссыс æхсæндинон диалоджы рæзтмæ, æхсæнады иудзинад фидар кæныны хъуыддагмæ.

Уырны мæ, нæ иумæйаг монон æргъадтæй баст Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы адæмты æнæфæхицæнгæнгæ иудзинад дæ хайадисты фæрцы фидарæй-фидарддæр кæндзæн.

Дæ райгуырæн боны дын, дæ Бæрзонддзинад, мæ зæрдæ зæгъы патриархон лæггадкæнынады фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фарн!»

 

***

Цытджын æмзæххонтæ! Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын национ бæрæгбон – Сыгъдæг Уастырджийы боны цытæн!

Уый æппæт ирæттæн у рагон иумæйаг национ бæрæгбон. Йæ бындур æвæрд ис райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад, национ традицитæ, æгъдæуттæ, культурæйæн кад кæнынад, тыхы, æхсардзинады, адæмы иудзинады арфæ.

Ирон адæймаг кæм фæнды куы цæра, уæддæр Сыгъдæг Уастырджийæн уæлдай кад кæны. Кувынц æм ирон адæм, курынц дзы, цæмæй сын сæ бинонты, хиуæтты, Ирыстоны адæмы фыдбылызтæй хъахъхъæна.

Ацы райдзаст бæрæгбоны æппæт ирон адæмæн мæ цæст уарзы æнæниздзинад, фæрныгад, сомбоны ныфс. Уадз æмæ нæ куывдтытæ Уастырджимæ æмæ Ирыстоны æппæт зæдтæм фехъуысой æмæ сæххæст  уой.

Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд, зынаргъ æмзæххонтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ÆЛБОРТЫ Алан

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.