РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта УФ-йы Президент Владимир Путинæн Уæрæсейыл аргъуыды боны æмæ Уæрæсейыл аргъауæг, рухс апостол князь Владимиры мысæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Владимир Владимиры фырт,

Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы æмæ сæрмагондæй мæхи номæй дын арфæ кæнын Уæрæсейы чырыстон æмбæстæгты стыр бæрæгбон – Уæрæсейыл аргъуыды боны æмæ Уæрæсейыл аргъауæг, рухс апостол князь Владимиры мысæн боны цытæн.

Чырыстон дины райст куыд Уæрæсейы, афтæ Аланийы дæр бакодта иу удварнон æмæ цивилизацион тыгъдадмæ, ссис паддзахдзинад райрæзын æмæ сфидар кæныны тыхджын стимул.

Ацы ирд бæрæгбоны дын, цытджын Владимир Владимиры фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, бирæ азты цæрæнбон æмæ уды хъарутæ, Уæрæсейы адæмæн та-сабырад, фæрныгад æмæ дидинæфтыдад».

***

Бибылты Анатоли раарфæ кодта Мæскуыйаг æмæ Æппæт Уæрæсейы патриарх Кириллæн Уæрæсейыл аргъуыды боны æмæ Уæрæсейыл аргъауæг, рухс апостол князь Владимиры мысæн боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Дæ Сыгъдæгдзинад!

Зæрдиаг арфæ дын кæнын Уæрæсейы æппæт чырыстон æмбæстæгты стыр бæрæгбон- Уæрæсейы аргъуыд æмæ Уæрæсейы аргъауæг рухс апостол князь Владимиры боны цытæн.

Ацы бæрæгбон нын нæ зæрдыл лæууын кæны уæрæсейаг паддзахдзинады райдиантæ, славяйнаг культурæйы ратæдзæнтæ, Уæрæсейы бирæнацион адæмы удварнон æмæ иудзинадмæ. Чырыстон дин райсгæйæ, уырыссаг адæм райстой сæ рæзты фидар удварны бындур, сæвæрдтой удварны æмæ культурон рæзты æнæфехалгæ бындур.

Ныфс мæ ис, Уæрæсейаг чырыстон аргъуан дæ сæргълæудæй кæй адарддæр кæндзæн хæстонты хъайтардзинад æмæ уд фидар кæнын, кæй суыдзæн ахсджиаг паддзахадон фарстытæ скъуыддзаг кæныны ныфс, гоймаджы рæзты æмæ Уæрæсейы адæмы бинонты æргъадтæ бахъахъхъæныны фидар бындур. Ацы ирд бæрæгбоны, Уæрæсейы саргъауыны боны дын, дæ Сыгъдæгдзинад, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, дарддæры æнтыстытæ дæ вазыгджын куысты Уæрæсейы æмæ Уæрæсейаг чырыстон аргъуаны хæрзиуæгæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.