Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Мæскуыйаг æмæ æппæт Уæрæсейы Патриарх Кириллæн Патриархы интронизацийы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Дæ бæрзонддзинад!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ дæ Патриархы интронизацийы боны цытæн.

Ды цы азты фæлæггад кодтай, уыдон сты масштабон ивындзинæдты рæстæг аргъуаны царды алыварсонæй, ды фæд-фæдылонæй хъахъхъæныс Чырыстон дин, бæрзонд монон æмæ хæрзæгъдауон идеалтæ фидар кæнгæйæ.

Дæ æнæрлæугæ куыст æмæ монон зондахасты арфдзинад ахъаз кæнынц Хуссар Ирыстоны историон уæрæсейаг чырыстæттимæ æгъдауæй монон бастдзинад рæзын æмæ фидар кæнынæн.

Мæ цæст дын уарзы, фидар æнæниздзинад, бирæ азты цæ-рæнбон æмæ лæггад кæныны ног æнтыстытæ Уæрæсейаг Чырыстон аргъуаны къухдариуæггæнæджы бынаты.»

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.