Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын профессиналон бæрæгбон-Энергетикы боны цытæн!

Энергетикон  комплекс нымад цæуы Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикæйы ахсджиаг фадгуытæй сæ иууыл стратегиондæрыл. Йæ æнæкъуылымпы куыстыл комкоммæ баст у бæстæйы эффективон рæзтыл,  экономикæйы конкурентонхъомдзинад, цæрæнуатон-коммуналон системæйы æнтысгæ архайдыл.

Фадыджы æппæт ивындзинæдтæн уæвæн нæ уыдаид æнæ сымахæй, æнæ уæ куыстуарзондзинадæй æмæ хъуыддагмæ бæрнон ахастæй. Уæ цæсгомджын куыст, бæрзонд профессионализм æмæ компетентондзинады фæрцы уæрæх кæны РХИ-йы энергетикон хъомыс, арæзт цæуынц æппæт уавæртæ сæудæджерадон кондадæн, цæрджыты энергийæ йæ ифтонг кæнынæн.

Бузныг уын службæйон хæстæ æххæст кæнынмæ уæ бæрнон æмæ цæсгомджын ахасты тыххæй. Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын ацы фадыджы ветерантæн, кæцыты зонындзинæдтæ æмæ фæллойадон фæлтæрддзинад сты бæстæйы абоны энергетикон базæйы бындур.

Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр ахсджиаг хайбавæрд кæй хæсдзыстут социалон æгъдауæй ахсджиаг проекттæ реализаци кæнынмæ.

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги, дарддæры æнтыстытæ райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн, сабырад, амонд æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Президент Бибылты Анатоли

***

Энергоифтонгады зынаргъ кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон – Энергетикы боны цытæн!

Энергетикæ у нырыккон æхсæнады рæзты сконды сæйраг хæйттæй сæ иу, кæцыйы æнтыстджын архайдыл баст у æмбæстæгты фæрныгад, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæтты, паддзахадон уагдæтты, скъолаты, рынчындæтты, сабидæтты архайд. Уæ куысты фæрцы нæ республикæ æнæкъуылымпыйæ райсы электроэнерги æмæ хъармад. Æппæт цæрæн пункттæ, æгæрыстæмæй иууыл дарддæр чи сты, уыдон дæр ифтонг цæуынц электроэнергийæ. Уæ профессионализмы  фæрцы алы хæдзары дæр ис    хъармдзинад æмæ рухс.

Æнæ энергиифтонгадæй иу организаци дæр нæ уæвынад кæны. Чысыл проблемæ дæр куы сæвзæры, уæд æнæаргъæвгæйæ цæут йæ аиуварс кæнынмæ. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр кæй кусдзыстут нæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн æмæ æппæт плæнттæ кæй сæххæст кæндзыстут.

Зынаргъ энергетиктæ! Уæ профессионалон бæрæгбоны уын мæ цæст  уарзы æнтыстытæ æмæ æнæаварион куыст, уæ хæдзæртты та алы хатт цы уа хъармдзинад, фидар æнæниздзинад æмæ циндзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.