Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын профессионалон бæрæгбон – Энергетикы боны цытæн!

Энергетикон комплекс у Хуссар Ирыстоны экономикæйы ахсджиаг стратегион фадгуытæй сæ иу. Уый нæ рæзид æнæ сымахæй, хъуыддагмæ æнæ уæ бæрнон ахастæй. Уæ цæсгомджын куыст, бæрзонд профессионалон миниуджытæ æмæ компетентондзинады фæрцы цæуы цæрджыты электроифтонгадæй фидарæй æмæ æнæрлæугæйæ ифтонг кæнын.

Бузныг уын зæгъын, уæ службæйон хæстæ æххæст кæнынмæ цæсгомджын ахастыты тыххæй. Ныфс мæ ис, дарддæр дæр фылдæр тыхтæй кæй архайдзыстут социалон æгъдауæй ахсджиаг проекттæ реализаци кæныны хъуыддаджы.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, æвидийгæ энерги æмæ дарддæры æнтысытæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн. Сабырад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн дæр!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Энергетикон фадыджы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын Энергетикы боны цытæн!

Ацы бон мах кад кæнæм уыдонæн, кæцыты фæрцы æрвылбон дæр исæм хъармдзинад æмæ рухс. Ныры дуджы энергетикæ у æхсæнады дидинæфтыды бындур. Растдæр уæ куыстыл баст у социалон æгъдауæй ахсджиаг уагдæтты æнæрлæугæйæ куыст, нæ хæдзæртты æнцой цард.

Нæ энергетикты удуæлдай куыст, кæцы кæнгæ у бæрзонд профессионализм æмæ бæрндзинад æн-къарынæй, фадат дæтты энергетикон рæзты фадыджы алыгъуызон проекттæ скъуыддзаг кæнынæн. Иууыл масштабондæр уыдонæй у Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ Ручъы тъуннелыл  резервон электроифтонгады хахх ауадзын, кæцыйы фæрцы скъуыддзаг æрцæудзæн республикæйы электроэнергийæ æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæныны фарст.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Уæ профессионалон бæрæгбоны бузныг зæгъын сымахæн иууылдæр, уæ цæсгомджын куысты æмæ бæрндзинады тыххæй. Мæ цæст уын уарзы фидар æнæнизддзинад, бинононты фæрныгад, æппæт профессионалон æмæ царды плæнттæ æххæст кæнын.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг БЕКЪОЙТЫ Геннади

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны энергетикон систе-мæйы цытджын кусджытæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутаттæ æмæ сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын сымахæн уæ профессионалон бæрæгбон – Энергетикы боны цытæн!

Æвæццæгæн, символикон у, республикæйы энергетиктæ сæ профессионалон бæрæгбон кæй нысан кæнынц зымæджы, уæззау боныгъæдты уавæрты, æрдз куы фæлтæры бæстæйы æппæт энергетикон комплексы фидар æмæ хъæддых куыст.

Энергетикон фадыджы нысаниуæгæн зын саргъ-гæнæн у, уымæн æмæ уый у экономикæйы ахсджиаг фадгуытæй сæ иу. Энергетикты куыст аразы сæудæджерад, хъæууон хæдзарад, республикæйы организацитæ æмæ уагдæтты стабилон æмæ æнæрлæугæ куысты бындур, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады стабилон куыст æмæ æмбæстæгты фæрныгад. Сымах бирæ хæттыты, уæ цард æмæ уе ‘нæниздзинад тасы бын æвæргæйæ, иуварс кæнут аварион уавæрты фæстиу-джытæ. Абоны бон рухс æмæ хъармдзинады хъæуындзинад бæрзонд куы у, уæд сымахæй бирæтæ сæ профессионалон бæрæгбон нысан кæнынц сæ куысты бынæтты, адæмы царды комфортон уавæртæй ифтонг кæнгæйæ.

Мæ цæст уарзы сымахæн æмæ уæ бинонтæн æнæ-низдзинад, амонд æмæ фæрныгад!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.