Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæ-боны цытæн!

Цардуагон лæггæдты фадыджы æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ алыхатт дæр хицæн кодтой стыр бæрндзинад, хъуыддагмæ æмбæлон ахаст æмæ бæрзонд дæсныйадæй.

Уæ æрвылбонон куыс-тæй сымах аразут Хуссар Ирыстоны цæрджытæн хорз царды бындур, комфортон цæрыны уавæртæ ифтонг кæныны фæдыл æххæст кæнут ахсджиаг æмæ бæрнон куыст. Уæ профессионализм æмæ бæрндзинады фæрцы Республикæ Хуссар Ирыстоны хуыздæр кæнынц лæггæдты гъæд, нæ хæдзæртты ис хъæрмад, хæрзарæзт цæуынц кæртытæ æмæ парктæ, адæмæн сæ бон у райсын æппæт æнæмæнгхъæуæг цардуагон лæггæдтæ.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын ветерантæн, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой ацы ахсджиаг фадыгæн, уыдон ныр та сты фæлтæрд ахуыргæнджытæ. Бузныг уын уæ цæсгомджын бирæазон куыст, равзаргæ фæндагæн æнувыддзинады тыххæй.

Бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын фадыджы æппæт кусджытæн нæ республикæйы цæрджыты хъуагдзинæдтæм хъусдарды, рæсугъддæр саразынмæ тырнындзинады тыххæй.

Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр оперативонæй æмæ гъæдджынæй кæй кæндзыстут квалификацион æххуыс, Республикæ Хуссар Ирыстоны экономикæмæ стыр хайбавæрд  кæй хæсдзыстут.

Ацы нысаниуæгджын бæрæгбоны уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, дидинæфтыд, ног æнтыстытæ Райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн, сабырад æмæ фæрныгад уæхицæн æмæ уæ бинонтæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.