Зынаргъ хæлæрттæ!

Айсут  мæ  иууыл  зæрдиагдæр  арфæтæ  уæ  профессионалон  бæрæгбон  -Хъæууон хæдзарады кусæджы боны цытæн!

Агросæудæджерадон комплексы рæзт Хуссар Ирыстонæн у йæ стратегион хæс. Республикæйы къухдариуæгад исы æппæт мадзæлттæ, кæцытæ здæхт сты фадыг сæндидзын кæнынмæ, хъæуы цæрджыты царды гъæд фæхуыздæр кæнынæн нысанмæздæхтæй арæзт цæуынц хорз уавæртæ.

Аграритæ æмæ фосдарджытæ æппæт рæстæджыты дæр бæстæйы социалон-экономикон хъомысад райрæзын кæнынмæ хастой сæ хайбавæрд. Хæлцадон æдасдзинад ифтонг кæнгæйæ, сымах æмбæстæгты ифтонг кæнут сыгъдæг экологон хæлцадон продукттæй. Сымахыл бирæбæрцæй баст у нацийы æнæниздзинад бахъахъхъæнын.

Бузныг уын уæ куыстуарзондзинад æмæ хъуыддагыл уæ  иузæрдиондзинады тыххæй. Ныфс мæ ис, сымах дарддæр дæр уе ‘ппæт тыхтæ кæй ратдзыстут хъæууонхæдзарадон фадыджы эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ.

Мæ цæст уарзы сымахæн æмæ уæ бинонтæн амонд, фæрныгад, ног æнтыстытæ Республикæ Хуссар Ирыстоны дидинæфтыды сæраппонд!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны хъæууон хæдзарады зынаргъ кусджытæ!

Айсут мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уæ профессионалон бæрæгбоны цытæн!

Афтæ рауад, æмæ нæ хъæууон хæдзарад у адæмон хæдзарады сæйраг нысаниуæгджын къабаз. Ирыстоны зæххы куыст алы хатт дæр уыд кадджын. Уый адæймагæй домы хъæддыхдзинад, быхсындзинад æмæ стыр физикон тыхтæ. Æнæ хъæууон хæдзарадæй цæрæн нæй. Сымах стут æцæг фæллойгæнджытæ, кæцытæ æрвылбон дæр, цыфæнды боны гъæды дæр кусут адæймаджы хæрзиуæгæн. Сымах фæрцы махæн алы бон дæр нæ разы ис дзул, æхсыр, фыдызгъæл, халсæрттæ æмæ æндæр хæрзгъæд продукттæ. Сымахæн уæ куыст у зын, фæлæ ацы фæндаг равзæрстат æмæ адæмæн лæвар кæнут алыгъуызон æнæмæнгхъæуæг æмæ пайдаджын продукттæ.

Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, хæрзиуджытæ æмæ материалон фæрныгад. Уадз,  уæ фæллой уын хæссæт æрмæстдæр циндзинад æмæ рай-гонды æнкъарæнтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Аланийы Парламенты Сæрдар      Гасситы Петр

 

Уæрæсейы Журналистты цæдисæн

Республикæ Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдис зæрдæбын арфæ кæны Уæрæсейы Федерацийы Журналистты цæдисы уæнгтæн сæдæ азы йыл сæххæсты цытæн. Уæрæсейаг журналистикæйæн ис даргъ æмæ кадджын истори. Зæгъæн ис, уæрæсейаг литературæйы классиктæ се ‘ппæт дæр публицистикæйы жанры сæхи аккагæй кæй равдыстой. Уæрæсейаг журналистон скъола у уникалон æмæ хицæн кæны æндæр скъолатæй. Фыццаг ирон газеттæ арæзт цыдысты уæрæсейаг газетты цæвиттонтыл. Æмæ куыд публицист, афтæ уæрæсейаг алыгъуызон рауагъдадты айхъуыст ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы ном.

Хуссар Ирыстоны адæм никуы ферох кæндзысты Уæрæсейы журналистты хайбавæрд, нæ республикæйы ныхмæ цы агресси уыд, уый ныхмæ тох кæнын, нæ паддзахиуæгад сфидар кæнын, йæ дунеон банымады хъуыддаджы. Уыцы æххуыс, æрмæст Хуссар Ирыстоны трагикон цауты тыххæй дунеон æхсæнадмæ раст информаци фæхæццæ кæнимæ баст нæ уыд, фæлæ сабыр цæрджыты ирвæзын кæнынимæ дæр. Уымæ гæсгæ бирæ уæрæсейаг журналисттæ райстой «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт журналисты» кадджын нæмттæ æмæ хорзæхджын æрцыдысты РХИ-йы ордентæ æмæ майдантæй.

Хуссар Ирыстоны журналисттæ арфæ кæнынц сæ уæрæсейаг коллегæтæн æмæ сын сæ цæст уарзы, цæмæй дарддæр дæр сæ профессийыл уой æнувыд. Уымæн та нын æвдисæн сты профессионализм, хъæддыхдзинад æмæ хъуыддагыл иузæрдиондзинад, кæцытæ ирдæй разындысты санкциты рæстæджы.

Хорз уаид, уæрæсейаг журналистикæйæн ног историон рæстæджы ист куы ‘рцæуид нæ фæндон, цæмæй нæ дыууæ Цæдисы æхсæн æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцæуой.

Нæ цæст уын уарзы æнтыстытæ æмæ æппæт хорздзинæдтæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Журналистты цæдис

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.